филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:44 вторник, 16 декабря 2025
25 февраля 2014, 10:58
8-æм мартъийы уынджы цæрджытæ цалдæр мæйы тыхсынц æнæ дон æмæ хъармæй

Горæты цæрæн-коммуналон хæдзарады куыд зæгъынц, афтæмæй сарæзтой къамис æмæ уыдон сбæрæг кодтой – хæдзармæ дон цас æмбæлы афтæмæй цæуы.

8-æм мартъийы уынджы цæрджытæ цалдæр мæйы тыхсынц æнæ дон æмæ хъармæй
Горæты цæрæн-коммуналон хæдзарады куыд зæгъынц, афтæмæй сарæзтой къамис æмæ уыдон сбæрæг кодтой – хæдзармæ дон цас æмбæлы афтæмæй цæуы.

«Чи у аххосджын æмæ 8-æм мартъийы уынджы цæрæнхæдзары дон кæд фæзынцдзæн?» Ацы фарстайæн бæлвырд дзуапп ничи дæтты. Афтæмæй та хæдзары фылдæр цæрынц се `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм ацæргæ адæм.

8-æм мартъийы уынджы хæдзары Джыгкайты Заринæ цæры 20 азæй фылдæр. Æмæ куыд зæгъы, афтæмæй сæм доны æмæ хъармгæнæны фарста никуы сæвзæрд. Уымæ гæсгæ сæ дисы бафтыдта, дыууæ мæйы сæ къранттæй дон, цас æмбæлы, афтæ кæй нæ цæуы, уый. Батарейтæ та сты уазал. Адæм хъаст кæнынц, сæ хæтæлты æлхъывдад афтæ тынг æрхаудта, æмæ хъармгæнæнтæ нал кусынц.

Калоты Екатеринæ: «Нæ нæм калонкæ, нæ калонкæ басуддзæн, дон нæ цæуы. Хъармгæнæнтæ дæр афтæ. Фидгæ та кæнæм. 1-æм январæй стæм ахæм уавæры. Хъазт дæр кæнæм, фæлæ нæм ничи цæуы».

Ацы хæдзары фылдæр сты ацæргæ адæм. Бирæтæн хъыгдард у се `нæниздзинад, æмæ сын уазæлттæ ноджы фылдæр зындзинæдтæ æвзарын кæнынц.

Джыгкайты Заринæ: «Дон нæм нæй, уазал нæм у. нæ бон нал у. Рынчынтæй йедзаг стæм, мæнæ бинаг фатермæ ныццыдтæн мæ сыхагмæ æмæ дзы суазал дæн. У та у 2-æм къорды инвæлид. Æмæ уый уазалай мæлы. Дзаумæтты фынæй кæнæм».

Горæты цæрæн-коммуналон хæдзарады зæгъынц, ацы лыггæнинаг фарстайы тыххæй ныронг ницы зыдтой. Сарæзтой къамис æмæ уый сбæрæг кодта, хæдзармæ дон, цас æмбæлы, афтæмæй цæуы, фæлæ йын йæ кърант чидæр пъадвалы базылдта. Батарейтæ та уазал сты, хъармгæнæн системæ хæлд кæй æрцыд, уый аххосæй.

Бирæгъты Аслан, Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы комитеты сæрдары хæдивæг: «Хæдзармæ дон цæуы, цас æмбæлы, уымæй къаддæр æмæ райдыдта аххосаг агуырын. Куыд рабæрæг, афтæмæй пъадвалы æхгæд уыдысты хæтæлтæ. Мах сæ байгом кодтам. Нæ бон нæу зæгъын, æмæ дзы стыр лыггæнинаг фарста уыд».

Цæрджытæ та зæгъынц, сæ уавæр ныронг нæ фæхуыздæр. Дон сæм фаг нæ кæлы. Нæ фарстайæн; «Чи у аххосджын æмæ 8-æм мартъийы уынджы цæрæн хæдзары дон кæд фæзындзæн?», бæлвырд дзуапп ничи радта.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania