филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:46 вторник, 16 декабря 2025
25 февраля 2014, 11:01
Мæздæджы тох кæнын райдыдтой медицинон препарат «Лирикæимæ»

Кæм уæйгонд цæуы, уый сбæрæг кæныны тыххæй фæсивæды социализацийы центры специалисттæ горæты афтектыл сарæзтой рейд. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы препаратæй фæстæг рæстæг

Мæздæджы тох кæнын райдыдтой медицинон препарат «Лирикæимæ»
Кæм уæйгонд цæуы, уый сбæрæг кæныны тыххæй фæсивæды социализацийы центры специалисттæ горæты афтектыл сарæзтой рейд. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы препаратæй фæстæг рæстæг Мæздæджы фæсивæдæй бирæтæ пайда кæнын райдыдтой. Нæ сæ уромы хосы аргъ дæр. Кæд 1000 соммæ хæццæ кæны, уæддæр æй æлхæнынц. Уыимæ куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр.

Æфтиаг райсыны тыххæй йæ бирæ фармацевттæ уæй кæнынц æрыгæттæн дæр. Фæстаг рæстæг зынгæ фæфылдæр сты, «Лирикæ» æмæ «Бакласаны» аххосæй рынчындонмæ чи бахауд, уыдон.

Фæсивæды социализацийы центры специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм фармацевтты ныхмæ тох кæнын хъæуы бæрнон кусджыты æххуысæй. Хъуамæ буары æлхынцъты ныхмæ хостæ уæй кæнын ма уадзыны тыххæй республикæйы разамынд рахæсса бæлвырд уынаффæ. Фармацевттæ та бахастой ахæм фæндон. Мæзджæджы районы рынчынты ацы хостæ цас хъæуы, уый сбæрæг кæнын æмæ сæм уымæй фылдæр ма уадзын.

Ныр та уал хъæппæрисджын фæсивæд сбæрæг кодтой, рæзгæ фæлтæры æнæниздзинадæн зианхæссæг хостæ кæм уæй кæнынц, уыцы афтектæ æмæ сын фæсидтысты сæ кусджытæм, цæмæй сæ æрыгæттæн ма уæй кæной.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania