филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:43 вторник, 16 декабря 2025
27 февраля 2014, 17:00
Æнæнхъæлæджы уавæрты фæдыл Хицауады къамис йæ радон æмбырды æркаст 3 фарстамæ

Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Фарстатæй иу баст уыд хъæууон хæдзарадæн знаггад хæссæг цæрæгойтæй бахъахъхъæнынимæ. Фылдæр ныхас цыд, мыстытæ кæй сбирæ сты, ууыл.

Æнæнхъæлæджы уавæрты фæдыл Хицауады къамис йæ радон æмбырды æркаст 3 фарстамæ. Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Фарстатæй иу баст уыд хъæууон хæдзарадæн знаггад хæссæг цæрæгойтæй бахъахъхъæнынимæ. Фылдæр ныхас цыд, мыстытæ кæй сбирæ сты, ууыл. Службæтæ архайынц сæ фесафыныл, фæлæ хъæуынц уæлæмхасæн фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ – бæрнон службæтæн æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрацитæн иумæйаг мадзæлттыл бакусын, цæмæй зианхæссæг цæрæгойты ныхмæ мадзæлттæ уой ахадгæдæр.
   
Æдасдзинады фарстатыл дзургæйæ, фылдæр æргом здæхт уыд зынгсирвæзтытæй хъахъхъæныны фарстамæ, уæлдайдæр та медицинон къабазы. Республикæйы æдæппæтæй сты 179 кусæндоны, уыдонæй 36-ы адæм вæййынц æхсæвæй-бонæй. 26 сæ ифтонг сты автоматикон сигнализацийæ æмæ хъусынгæнæн системæйæ. Дарддæр дæр куыст цæудзæн æппæт домæнтæ сæххæст кæныныл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania