филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 вторник, 16 декабря 2025
28 февраля 2014, 14:22
Мыггæгты бæлæсты фонд арæзт æрцæудзæн республикæйы архивон службæйы

Йæ мыггаг куыд равзæрд, уый тыххæй фыццаг документ ведомствæйæн балæвар кодта Хетæгкаты Кромвель. Ахæм æхсызгон цауæй райдыдта архивон службæйы хатдзæгтæгæнæн коллеги.

Мыггæгты бæлæсты фонд арæзт æрцæудзæн республикæйы архивон службæйы
Йæ мыггаг куыд равзæрд, уый тыххæй фыццаг документ ведомствæйæн балæвар кодта Хетæгкаты Кромвель. Ахæм æхсызгон цауæй райдыдта архивон службæйы хатдзæгтæгæнæн коллеги. Йæ разамонæг Нина Чиплакова куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд азы ахадгæ куыст бакодтой. Бирæ мадзæлттæ арæзт æрцыд, Уæрæсейы 2013-æм историйы азыл нымад кæй æрцыд, уый фæдыл. Ирддæр цаутæ уыдысты, Уæрæсе уырыссаг-туркаг хæсты кæй фæуæлахиз, уый 135 азы, стæй Ирыстоны 3 зындгонд инæлары райгуырдыл 110 азы кæй сæххæст, уыдон. Архивон службæ ацы темæтыл бацæттæ кодта конференцитæ, равдыстытæ канд республикæйы нæ, фæлæ ма Мæскуыйы дæр. Архивисттæ бакодтой стыр рауагъдадон куыст дæр. Зæгъæм, мыхуыры рацыд чиныг «Терчы облæсты Дзæуджыхъæуккаг зылды хъæуты цæрджыты номхыгъд»-ы дыккаг том. Хъæздыг уыдзæн цымыдисаг цаутæй ацы аз дæр. Сæйрагдæр уыдзысты, фыццаг дунеон хæсты 100 азы, стæй Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 155 азы кæй æххæст кæны, уыцы темæтæ.

Хетæгкаты Кромвель: «Ныртæккæ ууыл бакуыстой архивы кусджытæ, цæмæй уа фонд. Уым мыггæгтæ кæрæдзийы базоной, скæной сæ мыггаджы бæлæстæ. Уый тынг хорз хъуыддаг у. Адæм кæрæдзийы зондзысты, чи кæимæ æрвадиуæг кæны, уыдæттæ. Дарддæр кæстæртæ уыцы куыд ахæссой, уыцы амонд сын Хуыцау радтæд».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania