филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:40 вторник, 16 декабря 2025
28 февраля 2014, 14:34
Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады цæттæ сты Толдзгуыны культурæйы хæдзары проектмæ æркæсынмæ

Кæддæр республикæйы культурæйы хæдзæрдтæ уыдысты кадджын, æмæ сæм адæм цыдысты зæрдиагæй. Æрвыстой дзы сæ уæгъд рæстæг, фæсивæд дзы архайдтой алыхуызон секциты.

Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады цæттæ сты Толдзгуыны культурæйы хæдзары проектмæ æркæсынмæ
Кæддæр республикæйы культурæйы хæдзæрдтæ уыдысты кадджын, æмæ сæм адæм цыдысты зæрдиагæй. Æрвыстой дзы сæ уæгъд рæстæг, фæсивæд дзы архайдтой алыхуызон секциты. Фæлæ ныр цыма хæсты рæстæджы пырх бæстыхæйттæ сты, афтæ кæсы адæймагмæ. Толдзгуыны культурæйы хæдзар æрцыд заууатмæ. Суанг ма йæм фос дæр бацæуынц. Æнæхъæнæй дзы баззад æрмæст библиотекæ, уым та нæй нæ рухс, нæ хъарм. Ахæм уавæры сты республикæйы фылдæр хъæуты культурæйы хæдзæрттæ. Иуæй иу рæтты разынд ахæм адæм, сæхи `хцайæ ацы хъуыддаг сраст кæныныл чи бацархайдта. Фæлæ, хъæуты культурон цард куыд сног кæнæн ис æнæ спонсæртæй?

Ацы культурæйы артдзæстæн йæ куыст раджы бамынæг. Бæстыхайы нæй нæ рудзгуытæ нæ дуæрттæ. Хæдзарон фос, æмæ куыйтæ дзы сæхицæн скодтой бынат.

Бæстыхай арæзт æрцыд 85-æм азы. Фæлæ бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæзтад куы радтой, уæддæр дзы уыди аиппытæ. Æмæ уымæ гæсгæ, хæлын райдыдта.

Будайты Павел, Толдзгуыны администрацийы сæргълæууæг: «Хæлын куы райдыдта, уæд æй адæм дæр ныххæлæддзаг кодтой. Чи дзы цы хаста, чи цы».

Æдæппæтæй 5 балалайкæйы, ацы инструментыл сахуыр кæнын кæй фæнды, уыдон та бирæ фылдæр. Æвзонг курдиатджын чызджытæ æмæ лæппутæ æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ. Ахуыртæ цæуынц скъолайы залы. Ам кусы вокалы æмæ æрмдæсныты секцитæ дæр.

Будайты Лаурæ: «Балалайкæйыл цæгъдын зонын, фæлæ ма мæ фæнды кафджытæм бацæуын дæр».

Сæ сыхæгтимæ абаргæйæ, хæзныдойнæгтæ сæ культурæйы хæдзарæй сæрыстыр сты. Цалдæр секцийы – вокалон, инструменталон, драмон æмæ хореографион къордтæ. Сæ уавæртæ дæр сты зынгæ хуыздæр. Фæлæ цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын баххуыс кодтой хицæн адæймæгтæ.

Бетрозты Иветтæ, культурæйы хæдзары аивадон разамонæг: «Баххуыс нын кодта Боллоты Таймураз. Нæхæдæг дæр хъæуы хицауимæ архайæм, цæмæй клуб уа нывыл, ууыл».

Республикæйы районты культурæйы хæдзæрттæн сæ фылдæр сты Толдзгуыны культурæйы артдзæсты уавæры. «Ацы хъуыддаг раздæрау бæрзонд æмвæзадмæ сисæн ис иумæйагæй», – зæгъы ведомствæйы министр Хæбæлаты Фатимæ. Фыццаджы дæр хъæппæрис хъуамæ æвдисой бынæттон хиуынаффæйады кусджытæ.

Хæбæлаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы культурæ æмæ дзыллон коммуникациты министр: «Иууылдæр конд æрцыдысты Советон рæстæджы. Сты цалцæггæнинаг. Мах дзы иу клуб дæр нæ ауæй кодтам. Хъæуы бацархайын иумæйаг тыхтæй, цæмæй сын сæ куыст сног кæнæм».

Министрады цæттæ сты Толдзгуыны культурæйы хæдзары проектмæ бæлвырд æркæсын. Сæвзæрд уавæрæй рацæуынæн ис бирæ гæнæнтæ, зæгъынц министрады. Фæлæ хъуыддаг сырæздзæн æрмæстдæр уæд, культурон цард æмбæлгæ уавæрыл скæныныл районты сæхæдæг дæр куы архайой, уæд.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania