филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 вторник, 16 декабря 2025
03 марта 2014, 11:17
Октябры 50 азы фæзы 6-æм хæдзары 1-аг корпус 40- азмæ иунæг хатт дæр бындуронæй цалцæггонд нæ уыд

Октябры 50 азы фæзы 6-æм хæдзары 1-аг корпусыл 40- азæй фылдæр цæуы. Уал азмæ иунæг хатт дæр бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Хæдзары уавæрæн дзуапп чи дæтты, уый та уæвгæ

Октябры 50 азы фæзы 6-æм хæдзары 1-аг корпус 40- азмæ иунæг хатт дæр бындуронæй цалцæггонд нæ уыд
Октябры 50 азы фæзы 6-æм хæдзары 1-аг корпусыл 40- азæй фылдæр цæуы. Уал азмæ иунæг хатт дæр бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Хæдзары уавæрæн дзуапп чи дæтты, уый та уæвгæ дæр нæ зонынц. Коммуналон службæты кусджытæ сæ базонынц æрмæстдæр лæггæдтæн фидыны афон.

Афтæмæй та хæдзар ис кæдзæллаг уавæры, хъуынайы бын фæци, цартæ тæдзынц, йæ бацæуæнтæ абон нæ, райсом ныккæлдзысты. Цæмæн сæвзæрд ахæм уавæр æмæ куыд фæзынд адæмыл, уый раиртæста нæ уацхæссæг.

Къултыл æмæ цартыл хъуына афтæ арæх у æмæ цы хуызæн сты, уый зынгæ дæр нал кæны. Фатермæ та тæфæй бацæуæн нал и. Ахæм уавæртæй Ходы Наталья сфæлмæцыд. Бинонтæ цæрынц фæстаг уæладзыджы. Хæдзары сæр баивтой 2 азы размæ. Фæлæ уæдæй нырмæ уавæр ноджы фыддæр фæци. Кæд раздæр хъуына уаты иу къуымы уыди, уæд ныр æнæхъæн фатерыл апарахат. Уый аххосæй 4 сывæллоны дæр арæх рынчын кæнынц.

Ходы Райæ: «Ничи нæм йæ хъус дары æппындæр. Мæнæ цы уавæры стæм æмæ ным ничи цæуы. Хъаст дæр кодтам, фæлæ ницы. Мæнæ сывæллæтты дæр бон-изæрмæ хъаст кæнынц тæдзы ныл, зæгъгæ. Фæлæ цы нæ бон у. куыддæртæ ссыгъдæг кæнæм, фæлæ та уæртæ хъуына разыны. Ницы хос ын ис. Йер хъуамæ цы фæуæм?».

Дзæуджыхъæуы, Октябры 50 азы номыл уынджы 6-æм хæдзары 1-æм корпусыл 40- азæй фылдæр цæуы. Уал азмæ иунæг хатт дæр бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Хæдзары уавæрæн дзуапп чи дæтты, уый та уæвгæ дæр нæ зонынц. Коммуналон службæты кусджытæ сæ базонынц æрмæстдæр лæггæдтæн фидыны афон. Афтæмæй та хæдзар ис æдзæллаг уавæры, хъуынайы бын фæци, цартæ тæдзынц, йæ бацæуæнтæ абон нæ, райсом ныккæлдзысты. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ нæдæр æмбырдтæ, нæдæр исты хъусынгæнинæгтæ ничи фехъусын кæны. Хæдзарæн разамынддæттæг компанийы минæвæрттимæ цæрджытæ базонгæ сты, не сфæлдыстадон къорд сæм куы рбацыд, уæд. Мах цур схызтысты цармæ æмæ фехъусын кодтой сæ хатдзæгтæ.

Быгъуылты Эльбрус, разамынддæттæг компани æнæххæстбарджын æхсæнад «Управдом»-ы æххæстгæнæн директор: «Цартæ 15 хатты æмбæрзт уыдысты алыхуызон æрмæджытæй. Мах сæ иууылдæр систам. Æмæ дзы ногæй байтыдтам рубемаст. Куыстытæ скодтам бындуронæй. Фæлæ, æвæццæгæн, кæмдæр цыдæр баззад. Æппæт аиппдзинæдтæ хæстæгдæр рæстæг аиуварс кæндзыстæм. Мах нæ рæдыдтытыл басæттæм æмæ сæ сраст кæнæм».

Хæдзар, уæлдайдæр та фатертæ, цы уавæры сты, уый сбæрæг кæнынмæ æрбацыд Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады управленийы хицауы хæдивæг Гуыбаты Умар дæр. Зæрдæ бавæрдта, хъуыддагмæ йæ цæст кæй дардзæн, уымæй.

Гуыбаты Умар, Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады управленийы хицауы хæдивæг: «Уавæрмæ æркастыстæм. Аххоссæгтæ сбæрæг кодта æмæ баххуыс кæндзыстæм ацы бинонтæн. Администрацийæн йæ бон куыд уа æмæ йæм цы фадæттæ уа, уыдонмæ гæсгæ».

Горæты администраци дæр, разамынддæттæг компанийы дæр цæттæ сты цæрджытæн баххуыс кæнынмæ. Цартæ ногæй кæй скæндзысты, уымæн дæр ныхас радтой. Куыстытæ райдайдзысты, куыддæр фæхъарм уа, афтæ. «Уал азы кæм æнхъæлмæ кастыстæм, уым ма цалдæр къуырийы бабыхсдзыстæм» – зæгъынц хæдзары цæрджытæ. Фыдæнхъæл фæуыдзысты æви нæ, уымæ та цæст дардзæн не сфæлдыстадон къорд.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania