Ууыл абон дзырдтой хауæтдзæгты куыст кæныны фарстаты фæдыл æмбырды. Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станиславы хъуыдымæ гæсгæ, нæ алыварс æрдзы уавæр ныртæккæ схонæн ис экологон катастрофæмæ хæстæг.

Æрдзхъахъхъæныны ведомствæты разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы электрон тых фæстуæрцгæнæн лампæтæ куы нал фæбæззынц, уæд сæ нæ бакусынц. Знаггад хæссынц экологийæн, уымæн æмæ сæ ис ртуть.
Хорз уавæры нæй Дзæуджыхъæуы хауæтдзæгты полигон дæр. Лыггæнинаг фарстатæй иу у, бырондæтты хъуыддаг. Фарон мин гектарыл уыди 807.
Æмбырды архайджытæ ма æркастытсы æндæр фарстатæм дæр.