04 марта 2014, 11:34
Гаситы Мурат сызгъæрин майдан рамбылдта Европæйы гом турниры дзюдойæ
Уалдзæджы фыццаг бонты Прагæйы уыд Европæйы гом турнир дзюдойæ. Сæ тыхтæ дзы æвзæрстой дунейы хуыздæр спортсментæ. 90 килограммы уæзонтимæ дзы рахæцыд Цæгат Ирыстоны
Уалдзæджы фыццаг бонты Прагæйы уыд Европæйы гом турнир дзюдойæ. Сæ тыхтæ дзы æвзæрстой дунейы хуыздæр спортсментæ. 90 килограммы уæзонтимæ дзы рахæцыд Цæгат Ирыстоны «Динамойы» хъомылгæнинаг Гаситы Мурат æмæ сси сызгъæрин майданы хицау. Ацы уæзы хæцыд 30 спортсмены. Кæронбæттæн хæсты не мзæххон тыхджындæр разынд Сербийы дзюдоистæй.
темæмæ гæсгæ




