филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:34 вторник, 16 декабря 2025
04 марта 2014, 17:20
Украинæйы хъыгдардбаййафджытæн баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ

Абон рахæцыдысты Хъырымы цæрджытæн гуманитарон æххуыс бакæныны хъæппæрисы фарс. Æмбырды архайдта республикæйы Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Куыд загъта, афтæмæй фыццаджыдæр баххуыс кæнын хъæуы, фылдæр хъыгдард чи баййæфта уыдонæн.

Украинæйы хъыгдардбаййафджытæн баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутаттæ.

Абон рахæцыдысты Хъырымы цæрджытæн гуманитарон æххуыс бакæныны хъæппæрисы фарс. Æмбырды архайдта республикæйы Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Куыд загъта, афтæмæй фыццаджыдæр баххуыс кæнын хъæуы, фылдæр хъыгдард чи баййæфта уыдонæн.

Горæты æмбырды минæвæртты сæрдары фыццаг хæдивæг Зæнджиаты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй гуманитарон æххуыс бакæнын йæ бон у алкæмæн дæр. Фæсидти депутаттæм, цæмæй ацы хъуыддаджы уой фыццæгтæ.

Республикæйы ветеранты советы сæрдары хæдивæг Петр Созыкин бахаста фæндон, Хъырымы цæрджыты фарс рахæцыны тыххæй митинг скæнын. Депутаттæ уыцы хъуыдыимæ сразы сты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania