05 марта 2014, 11:24
Мæздæджы районы фæлтæрдджын шофыртæн инспектортæ скæндзысты æрфарст
Ацы азы дыууæ мæймæ фæлтæрдджын шофырты аххосæй Мæздæджы районы æрцыд æхсæз фæндаггон фыдбылызы. Уымæ гæсгæ фæндæгты æдасдзинады паддзахадон инспекцийы кусджытæ
Ацы азы дыууæ мæймæ фæлтæрдджын шофырты аххосæй Мæздæджы районы æрцыд æхсæз фæндаггон фыдбылызы. Уымæ гæсгæ фæндæгты æдасдзинады паддзахадон инспекцийы кусджытæ аразынц профилактикон мадзæлттæ, æмæ æмгуыст кæнынц Мæздæджы автоскъолатимæ. Шофыры курсыты чи ахуыр кæны, уыдонимæ рæстæгæй-рæстæгмæ саразынц фембæлдтытæ, æмæ уый фæстæ курсанттæ фæндаггон фыдбылызты къаддæр бахауынц. Æрыгон шофыртæ фæндагыл вæййынц лæмбынæгдæр æмæ къæрцхъусдæр. Æххæст кæнынц æдасдзинады фæтк. Хорз уаид, фæлтæрдджын шофыртæ дæр фæндаггон фæтк сæ зæрдыл куы дариккой, уæд. Мæздæджы районы инспектортæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг хъавынц æрфарст скæнын. Тесты уыдзæн 5 хæслæвæрды. Афтæмæй рабарæг кæнынмæ хъавынц, сæ районы фæндæгтыл арæхдæр цавæр æгъдаухæлдтытæ æрцæуы, уый.
темæмæ гæсгæ




