филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:25 вторник, 16 декабря 2025
05 марта 2014, 16:36
Знон фæндаггон фыдбылыз кæй аххосæй æрцыд, уыцы бæлццæттæласæн маршрутон таксийы шофыр хатыр ракуырдта æппæт хъыгдардбаййафджытæй

Шофыр хатыр ракурыны фыстæг бæлццæттæм æмæ сæ хæстæджытæм ныммыхуыр кодта паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы сæрмагонд сайты. Уым загъд ис, фæндаггон фыдбылыз

Знон фæндаггон фыдбылыз кæй аххосæй æрцыд, уыцы бæлццæттæласæн маршрутон таксийы шофыр хатыр ракуырдта æппæт хъыгдардбаййафджытæй
Шофыр хатыр ракурыны фыстæг бæлццæттæм æмæ сæ хæстæджытæм ныммыхуыр кодта паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы сæрмагонд сайты. Уым загъд ис, фæндаггон фыдбылыз йæхи аххосæй кæй æрцыд, уый. Хъуамæ фæндаг радтаид уæзласæн машинæйæн, фæлæ æнхъæлдта, æмæ йæ нæ баййафдзæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фæндаггон фыдбылыз æрцыд знон, Мæскуыйаг æмæ Барбашовы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым. Уæзласæн машинæ скъуырдта 35-æм маршрутон такси. Бадти дзы 9 бæлццоны, уыдонæй иу 6-мæйдзыд сывæллон. Се ппæт дæр тагъдæххуысы машинæйæ æрвыст æрцыдысты республикон клиникон рынчындонмæ. Фыццаг æххуыс бакæныны фæстæ сæ арвыстой сæ хæдзæрттæм.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania