Бырæтты урнæтæ æмæ сæ алыварс та быронæй йе дзаг, уынгты æнæфснайд, парктæ дæр хуыздæр уавæры не сты. Хъыгагæн, ахæм уавæр Дзæуджыхъæуы уынгты арæх фенæн ис. Алыхуызон къоппытæ,
Бырæттæ афоныл ласынæн дзуаппдæттæг кусджыты ныхæстæм гæсгæ, бырæттæ ласынц афойнадыл. Фæлæ, хъыгагæн, цæрджытæ сæхæдæг сыгъдæгдзинады домæнтæ не ххæст кæнынц. Сыгъдæг уынгты цæуын сæ фæнды, фæлæ сæ чъизи кæнын кæй нæ хъæуы, уый сæ зæрдыл нæ дарынц.
Уæлахизы парк. Фæндаджы былгæрон дыууæ цыртдзæвæны: Дзæуджыхъæуы хъахъхъæнгæйæ цы арæнхъахъхъæнджытæ фæмард сты, уыдонæн, æмæ Ирыстоны цæрджытæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ цард чи радта, уыдонæн. Намысы, мысæн æмæ цæссыгкалæн бынæттæ.
Фæлæ… кæйдæр хъуыдымæ гæсгæ се хсæн æвæрд æрцыдысты бырæтты контейнертæ. Дзуапп сын дæтты Дзæуджыхъæуы ресторантæй иу.
Тускъаты Фатимæ, рестораны хицæуттæй иу: «Кæд нын исчи исты хорз хъуыды радта, уæд сæ тынг бузныг уыдзыстæм. Мах дæр кад кæнæм нæ хæстонтæн, мысæм сæ. Фæлæ бæстон куы æркæсæм, уæд хъуыддаг уыд афтæ… Ресторан байгом кодтам 2006 азы. Бырæтты контейнертæ куы æвæрдтам, уæд дзы цыртдзæвæн нæма уыд. Ныр сæ искуыдæм айсæм, уыцы фадат дæр нын нæй. Дарддæр сæ куы ахæссæм, уæд техникон кусджытæн сæ бон афтæ дард цæуын нæ уыдзæн. Рестораны фарсмæ дæр сæ куыд сæвæрæм. Афтæмæй та акæсут уæхæдæг, нæ бæрны цы фæзуат æмæ бырондон ис, уыдон сыгъдæг дарæм. Ницы аиппытæ нæм ис».
Ацы бункертæ сты Пушкинскийы уынджы. Хъаст кæнынц Гагкайы-фырты номыл уынджы цæрджытæ дæр. Арæзтадон æрмæджыты хауæддзæгтæ, хæдзары бырон, адæмы æнæхъæугæ дзаумæттæ — ахæм нывтæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæн зонгæ сты. Бирæ хæттыты сæ афоныл кæй нæ аласынц, уый расайы ахæм фæстиуджытæм.
Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы кусджытæ та ахæм уавæримæ разы не сты.
Богъаты Ларисæ, РЦИ-Аланийы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы санитарон цæстдарды хайады хицау: «Ацы фæзуатыл санитарон нормæтæ æххæстгонд нæ цæуынц. Бирæ аиппытæ дзы рабæрæг кодтам. Зæгъæм, дзы хъуамæ, æнæмæнг, контейнертæ æвæрд уой, дон чи нæ уадзы ахæм бынатыл. Алыфарс фæзуат дæр хъуамæ уа дон цух. Бырон афоныл кæй нæ ласынц, уый та ноджы фыддæр кæны уавæр».
Ахæм уавæры сты горæты бирæ бынæттæ. Уыимæ арæх æвæрд æрцæуынц фæндаджы былгæрон æмæ контейнертæ бырæттæй куы байдзаг вæййынц, уæд ма сæвзæрын кæнынц машинæтыл цæуынæн тæссаг уавæртæ. Быроны обæуттæй фæндаг нал фæзыны.
Уынгты æмæ хæдзæртты кæртыты æвæрд æппæт быронкалæн бынæттæн дзуапп дæтты Дзæуджыхъæуы администраци.
Бирæгъты Аслан, Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады управленийы æмæ энергетикæйы комитеты сæрдары хæдивæг: «Æмбарæм æй Гагкайы-фырты æмæ Пушкинскийы уынгты быроны бункертæ раст æвæрд не сты, хъуамæ ма уой фæндаджы цур. Ууыл у Гагкайы-фырты уынджы цæрджыты хъаст дæр. Фæлæ сын æндæр бынæттæ ссарæн дæр нæй. Уæд цæрджытæн зын у сæ бырон калын. Хæдзæрттæ сты стыр, цæрджытæ бирæ æмæ хъуамæ иу хæдзары фарсмæ нæ, фæлæ алкæй фаг дæр кæной».
Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбарын кæнынц, куыст цæуы бункертæ баивыныл æмæ сæ фæфылдæр кæныныл. Ныртæккæ æлхæд цæуынц ног хуызы контейнертæ дæр. Сæйраг уынгты уал сæвæрдтой экологон контейнертæ, сты æхгæнгæ сæртимæ. «Роспотребнаддзор»-ы специалистты хъуыдымæ гæсгæ, сты бирæ хуыздæр.
Сæйрагдæр та у цæмæй цæрджытæ дæр сæхæдæг æмбарой санитарон домæнтæ, æмæ сыгъдæг дарой уынгтæ æмæ сæ хæдзæртты алыварс фæзуат.
Зыхъуаты Жаннæ




