филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:43 вторник, 16 декабря 2025
06 марта 2014, 11:07
Гранттæй æнæзакъонæй пайда кæныны 20 хъуыддагмæ ныртæккæ кæсы Цæгат Ирыстоны прокуратурæ

Хицæн адæймæгтæ сарæзтой сæрмагонд документтæ æмæ сайды руаджы, амалхъомдзинады райрæзты управленийæ райстой паддзахадон æхуыс. Ныртæккæ уыцы цаутæ сбæрæг сты, æмæ

Гранттæй æнæзакъонæй пайда кæныны 20 хъуыддагмæ ныртæккæ кæсы Цæгат Ирыстоны прокуратурæ
Хицæн адæймæгтæ сарæзтой сæрмагонд документтæ æмæ сайды руаджы, амалхъомдзинады райрæзты управленийæ райстой паддзахадон æхуыс. Ныртæккæ уыцы цаутæ сбæрæг сты, æмæ закъонхайлджытæ баййафдзысты æфхæрд.

«Нарты кадджытæ», ирон адæмы царды нывтæ, цымыдисаг цаутæ сты Кцойты Виталийы сфæлдыстады бындур. Ацы темæтимæ баст сты нывгæнæджы куыстытæ се ппæт дæр. Йæ алы сфæлдыстадон къахдзæфы дæр æвæрд ис арф хъуыды. Ныртæккæ Виталий йе ргом фылдæр аздæхта сахаттæ кæнынмæ. Нывгæнæг бæцæттæ кодта сæрмагонд документтæ æмæ райста æмалхъомадæймаджы ном. Ацы куысты йын фыццаг къахдзæф акæнынмæ стыр æххуыс бакодта республикæйы амалхъомдзинады райрæзты управлени.

Кцойты Виталий, нывгæнæг: «Грант мын феххуыс ис, цæмæй фыцаг къахдзæф акæнон ацы куысты, уый тыххæй. Куы йæ райстон, уæд дзы балхæдтон алыхуызон хъæдæрмæг, æфсæйнаг, сæрак, ахорæнтæ, æмæ ма дзы скодтон уымæй уæлдай мæ кусæнбынат дæр цалцæг».

Нывгæнæг Кцойты Виталий фæрæзтæ йæ куыст райрæзын кæныныл кæй схардз кодта, ууыл амалхъомдзинады центры кусджытæ нæ гуырысхо кæнынц. Фæлæ, хъыгагæн се ппæт афтæ нæ бакæнынц. Разыны ахæм адæм, æмæ саразынц сæрмагонд проект, сæ курдиат бадæттынц амалхъомдзинады центрмæ, æмæ райсынц æхца. Æмæ ууыл сæ архайд фæвæййы. Æхца схардз кæнынц сæхи хъуыддæгтыл, амалхъомдзинады центры та фæзæгъынц, сæ куыстæй кæй ныцы рауад, уый. Ома ахæм хуызы паддзахадон æхцатæй пайда кæнынц.

Цæбиты Тимур, РЦИ-Аланийы амалхъомадзинады райрæзты управленийы разамонæг: «Амалхъом адæймаг нæм æрбахæссы, республикæйы хицауад цы сæрмагонд документты номхыгъд ныффидар кодта, уый. Мах сæ сбæлвырд кæнæм. Фæлæ йæм цавæр хъуыдытæ ис, уый фыццаг бакастæй нæ бон базонын нæу. Мах асайыны фæнд чи кæны, уый дæр зын сбæрæг кæнын у. Уавæр рабæрг вæййы фæстæдæр, амалхъом адæймаг æхца куы райсы, æмæ сæ йæхи хъуыддæгтыл куы схардз кæны, уæд».

Амалхъомдзинады управленийы куысджытæ фаронæй фæстæмæ райдыдтой цæуын бынæттæм æмæ афтæмæй бæрæг кæнынц, æхцатæ куыд хардзгонд цæуынц, уый. Æмбæлынц амалхъом адæмимæ, семæ ныхас кæнынц. Уыимæ ма фæкъаддæр ис æхцаты бæрц дæр. Зæгъæм, 2011-æм азы управлени гранттæ радтой 140 милуан сомы. 2012-æм азы – 93 милуаны. Фарон та – 26 милуаны. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ æхца цы амалхъомадæмæн дæттынц, уыдонмæ домæнтæ фæкарздæр сты. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Цæгат Ирыстоны прокуратурæ кæсы 20 уголовон хъуыддагыл. Се ппæт дæр баст сты, грантты æхца куыд æмбæлы, афтæ хардзгонд кæй нæ цæуынц, уыимæ.

Цалиты Сергей, РЦИ-Аланийы прокуратурæйы федералон закъон æххæст кæнынмæ цæстдарды хайады хистæр прокурор: «Ацы гранттæ республикæйы бюджетæн зиан æрхастой 10 милуан сомы. Адæймагæн амалхъомдзинады райрæзты управленийæ æхца райсын зын нæу. Уымæн æмæ закъоны домæнтæ карз не сты. Адæм саразынц цавæрдæр фирмæтæ, æмæ æхца куы райсынц, уæд куыстуæттæ сæ архайд бауромынц. Вæййы ахæм цаутæ дæр, æмæ иуæй-иу адæм сæхæдæг дæр нæ фæзонынц, ахæм фирмæты хыгъды сты, уый».

Закъон банывыл кæныны тыххæй, прокуратурæ балæвæрдта курдиат республикæйы хицауадмæ. Уымæн æмæ ныртæккæ нормативон документты бæлвырд фыст нæй, æхца раттын, кæнæ ма раттын, цæмæ гæсгæ ис, уыцы домæнтæ.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania