филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 вторник, 16 декабря 2025
06 марта 2014, 16:42
Республикæйы сæргълæууæг раныхас кодта Парламенты депутатты цур

Абон Республикæйы сæргълæууæг раныхас кодта Парламенты депутатты цур. Æрвылазон ныстуаны уыдысты ивгъуыд азы хатдзæгтæ æмæ фидæны республикæйы социалон-экономикон рæзты пълантæ.

Республикæйы сæргълæууæг раныхас кодта Парламенты депутатты цур
Абон Республикæйы сæргълæууæг раныхас кодта Парламенты депутатты цур. Æрвылазон ныстуаны уыдысты ивгъуыд азы хатдзæгтæ æмæ фидæны республикæйы социалон-экономикон рæзты пълантæ. Мамсыраты Таймураз раныхас кодта 8-æм хатт. Комкоммæ эфиры йæм бакæсæн уыд сайт РСО дефис А стълф Ру-йы, телеканал «Уæрæсе -24»-ы æмæ йæм байхъусæн уыд радио «Алани»-йы уылæнтыл.

«Къуырийы размæ Сочийы фесты 22-æм олимпаг хъæзтытæ, æмæ дзы Уæрæсе, майдантæм æмæ организацион куыстмæ гæсгæ бацахста фыццаг бынат. Ацы бæрнон хъуыддагмæ се вæрæн æм бахастой бæстæйы æппæт субъекттæ. Уый та дзуры ууыл, æмæ мах стæм иу стыр бирæнацион бинонтæ»- Ахæм ныхасæй райдыдта Мамсыраты Таймураз йæ æрвылазон ныстуан парламенты депутатты цур.

Уый фæстæ рахызт царды сæйраг фарстатæм – социалон-экономикон рæзт, æнæниздзинады æмæ ахуырады къабаз, культурон цард æмæ спорты сгуыхтдзинæдтæ. Мамсыраты Таймураз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бирæ азты размæ хицауадимæ баныхас кодтой, царды цы фарстатæ лыг кæнын хъæуы, уыдон фыццаджыдæр сывæллæтты сомбоныл хъуыды кæнгæйæ. Æмæ дарддæр кусын хъæуы фылдæр тыхтæй. Бюджеты дзæвгар хай – 65% хардзгонд цæуы социалон фарстатыл. Сæ фылдæр радих кодтой ахуырады къабазы райрæзтæн. Мамсыраты Таймураз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Уæрæсейы Президент цы бахæс кодта, уыдон фыццаг сæххæст кодтой Цæгат Ирыстоны – бирæсывæллонджын бинонтæн æмæ бюджетон къабазы кусджытæн байуæрстой цæрæнуæттæ. Цалдæр боны фæстæ ма 90 фатеры дæгълтæ байуардзысты бюджетон кусджытæн.

Æрвылазон ныстуаны республикæйы сæргълæууæг бæлвырд æрдзырдта экономикæйы фарстатыл. Фæнысан кодта, республикæйы бизнесы райрæзт дарддæр дæр цæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Паддзахадон æххуысы фæрцы экономикæмæ бафтыдтой 1 миллиард 528 милуан сомы. Бюджеты алы сом дæр республикæйы экономикæмæ бахаста 11 сомы инвестицитæ. Дунейон банчы рейтинджы та Цæгат Ирыстон бизнес аразыны хъуыддаджы ахсы 3-аг бынат.

Фæлæ ис æндæр æркæсинаг фарстатæ дæр. Мамсыраты Таймураз дæнцæгæн æрхаста Къостайы ныхæстæ зæххы кадавардзинады тыххæй æмæ фæнысан кодта, æнусты сæрты дæр ацы фарста кæй у ахсджиаг. Ныртæккæ бирæтæ аренды райстой зæххытæ, фæлæ сæ нымадæй цалдæр адæймаджы кусынц, иннæты аххосæй та зæхх дæр æнæконд у, фосæн дæр нæй хизæн бынæттæ, уымæ гæсгæ Мамсыраты Таймураз фæсидт районты сæргълæуджытæм, цæмæй ацы хъуыддаг равзарыныл бацархайой. Уый дæр сæ бюджетæн уыдзæн æххуыс.

Къесаты Станислав, Парламенты сæрдары 1-аг хæдивæг: «Районты хицæуттæм карзæй сдзырдта, уымæн æмæ зæххыты хабар чи у, уым сæхи афтæ бавдисынц, цыма сæ бон ницы у. Адæм бахуым кæнынц, цы зæххытæм æвналæн нæй. Алы хъæуы дæр вæййы хизæн бынæттæ, æмæ уыдонмæ дæр арендатортæ бавналынц. Хуымæтæг адæм та тыхсынц. Районты æмæ хъæуты хицæуттæн ма бафæдзæхста нæ адæммæ æндæр цæстæй хъуамæ кæсой. Куысты бынæттæ куыд фылдæр кæной, уымæ гæсгæ аргъ кæндзæн сæ куыстæн дæр. Бирæ фарстатæ. Мæ зæрдæмæ фæцыд, къарныхтæ, давгæ чи кæны, фыдмитæ чи аразы, уыдонимæ канд закъонмæ гæсгæ дзурын нæ хъæуы, фæлæ сæхимæ». сæ хæстæджытæм дæр æндæр цæстæй æрксæм. Раздæр куыд уыд афтæ, хъоды скæнын дæр».

Бынæттон хиуынаффæйады бæрнондзинад ахсджиаг фарстатæм, фæндæгты уавæр æмæ сæ арæзтад, куысты бынаты ныллæуыны домæнтæ , футболон клуб «Алании»-йы хъысмæт æмæ ма бирæ æндæр социалон-экономикон фарстатæм æргом аздæхта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Æрлæууыд, бирæтæм сæйраг куыд фæкаст ахæм фарстайыл дæр – Æгъдау.
Марзойты Хъазыбег, Дыгуыры районы хицау: «Тынгдæр мæ зæрдæмæ нæ республикæйы хицауы ныхасæй фæцыдис, ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ нæ фыдæлтæ сывæллтæттæ фыдæлтæм хъуамæ кæй кæсой, сывæллæтæ та мадæлтæ æмæ фыдæлты зын уавæртæм кæй кæсой, уый тыххæй. Уыцы хабар ирон адæммæ хъуамæ фыццаг бынаты æвæрд уа. Æмæ не гъдау, нæ кад ма сæфой. Уыцы хорздзинæдтæ фæлтæрæй фæлтæрмæ куыд дæттой, уый тыххæй».

Афтæ рауад æмæ Республикæйы сæргълæууг Мамсыраты Таймураз æрвылазон ныстуанимæ парламенты депутаттæм фæсидт Украинæйы змæст цауты рæстæг, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы ацы политикон цау дæр æнæрхъуыдыйæ нæ баззад. Бон раздæр Украинæйæ ссыдысты не `мзæххонтæ «Хæстон Æфсымæрад»-ы минæвæрттæ.

Калоты Георгий, Хæстон Æфсмæрдзинад»-ы сæрдар: «Мах уыдыстæм дыууæ. Æхсæвы нæм фæдзырдтой æмæ ратахтыстæм. Бацыдыстæм Мариупольмæ, уым ныл лæппутæ сæмбæлдысты. Æмæ нын радзырдтой цы хабæрттæ цæуы, уый фæстæ ацыдыстæм дарддæр. Барикадæтæ дæр дзы уыди. Ныр куы зæгъон, Уæресейæ загътой техникæ, ницы дзы федтон ахæмæй. Адам дзы бирæ уыд, фæлæ æргомæй куы зæгъон, уæд Хъырымы цæрджыты фæнды Уæрæсемæ бацæуын. Куыд уыдзæн нæ зонын».

Депутаттæ та рахастой уынаффæ, сæ иу боны мызд арвитын Украинæйы цæрджыты æххуысæн. Æрвылазон ныстуаны кæрон Мамсыраты Таймураз фæбæрæг кодта, кæд социалон-экономикон фарстатæ лыггонд цæуынц, уæддæр ма ис адæм хицауадæй цы кусинаг хъуыддæгтæм æнхъæлмæ кæсынц, ахæмтæ. Æмæ сын сæ æууæнкдзинад ма фехалæм, Загъта Мамсыраты Таймураз.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania