филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:43 вторник, 16 декабря 2025
07 марта 2014, 11:30
33 азмæ Дзæуджыхъæуы 79-æм рæвдауæндоны кусæг Ольга Коновалова схъомыл кодта 1000 сывæллонæй фылдæр

Адæймаг йæ куыст куы уарза, уæд æй зæрдиагæй æмæ æхсызгонæй кæны. 33 азмæ Дзæуджыхъæуы 79-æм рæвдауæндоны кусæг Ольга Андреевна Коновалова схъомыл кодта 1000

33 азмæ Дзæуджыхъæуы 79-æм рæвдауæндоны кусæг Ольга Коновалова схъомыл кодта 1000 сывæллонæй фылдæр
Адæймаг йæ куыст куы уарза, уæд æй зæрдиагæй æмæ æхсызгонæй кæны. 33 азмæ Дзæуджыхъæуы 79-æм рæвдауæндоны кусæг Ольга Андреевна Коновалова схъомыл кодта 1000 сывæллонæй фылдæр. Бирæтæ йæм ныр æрбакæнынц сæхи сывæллæтты. Æмæ сæ алчидæр зæгъы: ацы сылгоймаджы хуызæн, йæ хъомылгæнинæгты чи уарзы, ахæм педагог зын ссарæн у.

Фæлмæнзæрдæ æмæ зæрдæхæлар сылгоймаг Ольга Андреевна Коноваловайы иууылдæр зонынц хорз æмкусæгæй, фæлтæрдджын специалистæй. Сæйрагдæр та уый у, æмæ сывæллæтты æгæрон уарзтæй уарзы. 33 азы дæр уымæн бакуыста Дзæуджыхъæуы 79-æм рæвдауæндоны. Уал азмæ йæм иунæг хатт дæр йæ куыст аивыны хъуыды нæ уыд.

Йæ хъомылгæнинæгтæй алкæйы дæр уарзы. Суанг ма фынæй куы фæкæнынц, уæд хи мадау, вæййы сæ фарсмæ: кæмæн йæ хъæццул æрбыры æмæ йæ хъæуы сисын, кæмæн æндæр исты ‘ххуыс бакæны. Уæдæ гыццыл сывæллоны йæ уæлæдарæс раст скæнын сахуыр кæнын, алцыдæр ын бацамонын, хуызтæ æвзарын, афæдзы алы афонтæ, дидинджытæ — уый æнцон нæу.

Цымыдисаг æмæ æхсызгон вæййы ахæм цаутæ фенын дæр. Иу æмæ рдæг, дыууæ, æртæ азы кæуыл цæуы, уыцы сæвæллæттæй бирæтæ хорз дзурын дæр нæ зонынц, фæлæ сæ хъомылгæнæгмæ уарзондзинад ирдæй æвдисынц.

Ольга Коновалова рæвдауæндоны кусы 33 азы. Уал азмæ схъомыл кодта 1000 сывæллонæй фылдæр. Ацы сывæллæтты дæр тагъд раивдзысты кæстæр къордмæ.

Ольга Коновалова, 79-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг: «Сывæллæттæ мæнмæ вæййынц афæдз, афæдз æмæ æрдæг æмæ сын цæуын афон куы æрцæуы, уæд мæ зæрдæ риссын райдайы. Сахуыр сыл вæййын. Хи сывæллæтты хуызæн мын свæййынц. Арæх бафæрсын мæхи, цæмæн афтæ уарзын мæ куыст, цæмæн кусын рæвдауæндоны. Æмæ мæнмæ гæсгæ хъомылгæнæджы куыст у æппæтæй хуыздæр. Уымæн æмæ алы райсом дæр æмбæлын æнæхин, сыгъдæгзæрдæ сывæллæттимæ. Алчидæр сæ у удыгагайы хуызæн адджын, рæсугъд, уарзон. Куыд мæм кæсы, уыдон дæр мæ уарзынц æмæ сæм æз цингæнæгæйæ фæцæуын».

Раздæр æм чи цыд, уыдонæй йæм бирæтæ ныр æрбакæнынц сæхи сывæллæтты. Æмæ сæ алчидæр зæгъы: ацы сылгоймаджы хуызæн, йæ хъомылгæнинæгты чи уарзы, ахæм педагог зын ссарæн у. Æнæзивæгæй цæст дары алы сывæллонмæ дæр. Алкæмæн дæр ссары зæрдæмæдзæугæ куыст: чи сæ ныв кæны, чи кафгæ, чи та ныййарджыты æрбацыдмæ чысыл скульптурæтæ саразы.

Тынг бузныг дзы сты ныййырджытæ. Алы хатт дæр дис кæнынц, куыд ын æнтысы афтæ тагъд æмæ æнцонтæй сывæллæтимæ кусын.

«Сусæгæй дзы ницы ис» – зæгъы фæлтæрдджын хъомылгæнæг. «Æппæты фыццаг сывæллæтты уарзын, мæ куыст зæрдиагæй равзæрстон, никуы йыл фæфæсмон кодтон. Сывæллоны хъæлдзæг худт æмæ цины цæстæнгас ницæимæ ис абарæн. Æмæ мæ бон цас у, уыйбæрц сын лæвар кæнын мæ зæрдæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania