12 æмæ 17 аздзыд лæппутæ куыд бамбарын кодтой, афтæмæй сын хистæр хъомылгæнинæгтæ цалдæр хатты хъавыдысты тыхми бакæнынмæ. Кæй аххосджын кодтой, уыцы 5 лæппуйы ныртæккæ сты изоляторы. Цæуы слест.
Сæрмагонд ахуыргæнæндоны администрацийы ныхæстæм гæсгæ зын хъомылгæнæн фæсивæд Реданты ахуырадон-хъомыладон училищæмæ æрвыст æрцæуынц тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ Уæрæсейы алы регионтæй. Ам сæ ахуыр кæнынц кусæг дæсныйæдтыл, уыимæ мА райсынц астæуккаг ахуырад дæр. Аразынц сын цæрынæн æппæт фадæттæ. Æдасдзинады домæнтæ æххæстгæнгæйæ бæстыхайы сæвæрдтой цæстдарæн камерæтæ. Цыфæнды фарстайы фæдыл дæр лæппуты бон у психологмæ, кæнæ хъомылгæнæгмæ бацæуын. Фæлæ, хъыгдард чи баййæфта, уыцы 3 лæппуйæ иу дæр æххуысагур никæмæ бацыд.
Училищæйы педагогты ныхæстæм гæсгæ лæппутæй иу хъуамæ суæгъд уыдаид мæйы фæстæ, иннæ октябры. Уыимæ сын тыхмитæ кæнынц, зæгъгæ, уый æппындæр ницæмæй бæрæг уыд. Уымæ гæсгæ ахуыргæнджытæ æмæ училищæйы разамынд дызæрдыг кæнынц тыхмиты аххосæй кæй алыгъдысты, ууыл.
Куыд ма зæгътой, афтæмæй сæ иу, 17 азыдзыд лæппу балæвæрдта курдиат йæхи хорз кæй дардта æмæ йæм фиппаинæгтæ кæй нæ уыд, уый тыххæй йæ цæмæй раздæр суæгъд кæной. Фæлæ йын æй нæ бафыстой. Æмæ, æвæццæгæн, уый тыххæй алыгъд. Ныртæккæ цæуы слест.
Кæд закъонмæ гæсгæ хистæр лæппутæ аххосджынтыл нымад æрцæуой, уæд сын рахæсдзысты 10 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Уæдмæ та сæ раивдзысты, ахст адæмы иумæ кæм дарынц, ахæм растгæнæн колонимæ.
Слестгæнæн оргæнтæ æркæсдзысты училищæйы куысты фæткмæ, стæй ахуыргæнджыты æмæ разамонджыты куыстмæ.




