филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:53 вторник, 16 декабря 2025
14 марта 2014, 11:37
Цардыуаджы ахсджиагдæр фарстатæм æркастысты Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы радон æмбырды

Æппæты фыццаг ныхас цыд Хъырымæн баххуыс кæныныл. Абон Дзæуджыхъæуæй Хъырыммæ ласт æрцæудзæн гуманитарон æххуыс. «Хъырымы цæрджытæ хъуамæ æнкъарой, Ирыстойнæгтæ

Цардыуаджы ахсджиагдæр фарстатæм æркастысты Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы радон æмбырды
Æппæты фыццаг ныхас цыд Хъырымæн баххуыс кæныныл. Абон Дзæуджыхъæуæй Хъырыммæ ласт æрцæудзæн гуманитарон æххуыс. «Хъырымы цæрджытæ хъуамæ æнкъарой, Ирыстойнæгтæ сæ фарсмæ кæй сты, бирæ азты не хсæн цы фсымæрон бастдзинад ис, уый сæфт кæй нæу, уый. Æмæ цыфæнды сахат дæр цæттæ стæм баххуыс кæнынмæ». Æхсæнадон Советы уæнгтæ рахæцыдысты УФ-йы президенты хъæппæрисы фарс, Украинæйы политикон уавæр банывыл кынынæн æппæт мадзæлттæ аразын.

Бæстон ныхас рауад фæсивæды патриотон хъомыладыл. Куыд снысан кодтой, афтæмæй паддзахадон, муниципалон, æфсæддон оргæнтæ, тыхы структурæтæ 2014 азы æппæт ахуыргæнæндæтты араздзысты фембæлдтытæ ахуырдзаутимæ.

Советы уæнгтæ ма æркастытсты горæты цæрджыты курдиатмæ, цæмæй, Мамсыраты Дæбейы уынджы цы абана ис, уый ныууадзой. Цы уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы абана кусдзæн 5-10 азы.

Иннæ фарста баст уыд, Аланийыл дзуæрттæ фтыд куы `рцыд, ууыл 1100 азы кæй æххæст кæны, уыимæ. Советы уæнгтæ хорзыл банымадтой хъæппæрисджын къорды фæндон, цæмæй республикæмæ бацæуæнты сæвæрой дзуæрттæ. Хъуамæ конд æрцæуой, хъæппæрис чи балæвæрдта, уыдоны хцайæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania