«Хъырым æфхæрын нæ бауадздзыстæм! Севастополь – фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ!». Ахæм лозунгтимæ абон Дзæуджыхъæуы Театралон фæзы арæзт æрцыд митинг Хъырымы цæрджыты
Дзасохты Музафер: «Мæнæ та ногæй фашизм æрбацæуы æмæ мах уый не руаддзыстæм. Хорз ма лæууы нæ зæрдыл, фашизм цæмæ расайы æмæ цы зиантæ хæссы йемæ, уый. Æмæ нæ бон куыд æмæ цас у, уыйбæрц йемæ тох кæндзыстæм. Фæнды нæ, цæмæй Хъырымы цæрджытæ зоной – ам Ирыстоны цæрынц се фсымæртæ. Æмæ цыфæнды сахат дæр: цин уа, æви æндæр исты хъуыддаг, уыдзыстæм сæ фарсмæ».
Къесаты Иринæ: «Мах æрбацыдыстæм цæмæй не фсымæрты фарсмæ æрбалæууæм. Цæмæй йæ зоной Ирыстоны цæрджытæ сты семæ. Се ххуыс кæй нæ бавгъау кæндзысты. Мæнæ куы фæсабыр уа, уæд та иртасæн къорды сывæллæттимæ фæнд кæнæм ацæуын Украинæмæ. Æмæ ныхасæй нæ, фæлæ сын хъуыддагæй баххуыс кæнын».




