14 марта 2014, 14:16
Уæрæсейы президенты исæнуаты абон цæрджытимæ фембæлд социлон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Айларты Зæлинæ
Уæрæсейы президент Владимир Путины исæнуаты абон кастысты адæмы курдиæттæм. Семæ фембæлд социлон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Айларты Зæлинæ.
Уæрæсейы президент Владимир Путины исæнуаты абон кастысты адæмы курдиæттæм. Семæ фембæлд социлон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Айларты Зæлинæ. Адæм фылдæр куырдтой, хи сдзæбæх кæнынæн сын баххуыс кæнын.
Бирæ уайдзæфтæ уыд протезтæгæнæн ортопедон ценры куыстмæ. Адæм хъаст кæнынц, сæ куыст зæрдæмæдзæугæ кæй нæу, уымæй.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм фембæлдтытæ Айларты Зæлинæйæн вæййынц æрмæст исæнуаты нæ, фæлæ алы бон дæр. Адæмимæ æмбæлы йæ кусæн бынаты. Сæ бон æмæ сæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ сын æххуыс кæнынц.
темæмæ гæсгæ




