филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 вторник, 16 декабря 2025
17 марта 2014, 11:10
Хъалонтæ æмæ æнæмæнг фиддонтæ Цæгат Ирыстоны къазнайы систы 47 миллиардæй фылдæр

Ахæм хатдзæгтæ фехъусын кодтой Уæрæсейы Федералон къазнайы республикон хайады æмбырды. Амыдта йæ куыстуаты разамонæг Айларты Гæлинæ. 2013-æм азы цы мадзæлттæ арæзт æрцыд,

Хъалонтæ æмæ æнæмæнг фиддонтæ Цæгат Ирыстоны къазнайы систы 47 миллиардæй фылдæр
Ахæм хатдзæгтæ фехъусын кодтой Уæрæсейы Федералон къазнайы республикон хайады æмбырды. Амыдта йæ куыстуаты разамонæг Айларты Гæлинæ. 2013-æм азы цы мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдоны фæрцы æнæбюджетон паддзахадон организациты бон у бынæттон къазнаты кассæты фæрцы лæггад кæнын. Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады, социалон фæдзæхстады æмæ пенсион фондтæ хаст æрцыдысты документты зилдухы иумæйаг системæмæ. Æмбырды хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстоны къазнайы архайд æмæ бахæс кодтой Уæрæсейы къазнайы стратегикон картæ царды рауадзын. Ахсдиаг фарстатæй иу у бюджеты фæрæзтæ ахадгæдæрæй хардз кæнын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania