филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:09 вторник, 16 декабря 2025
17 марта 2014, 11:12
Ацы аз Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн 3 рæвдауæндоны æмæ дзы бынат уыдзæн 640 сывæллонæн

Ацы аз Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн 3 рæвдауæндоны æмæ дзы бынат уыдзæн 640 сывæллонæн, уый тыххæй йæ пресс-конференцийы журналисттæн фехъусын кодта горæты ахуырады управленийы хицау Тменаты Алексей.

Ацы аз Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн 3 рæвдауæндоны æмæ дзы бынат уыдзæн 640 сывæллонæн
Ацы аз Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн 3 рæвдауæндоны æмæ дзы бынат уыдзæн 640 сывæллонæн, уый тыххæй йæ пресс-конференцийы журналисттæн фехъусын кодта горæты ахуырады управленийы хицау Тменаты Алексей. Уымæй уæлдай рæвдауæндæтты арæзтадæн радих кодтой зæххы хæйттæ. Мэри куыд нысан кæны, афтæмæй арæзтадæн æхца хъуамæ радтой федералон бюджетæй. Конференцийы ма хатдзæгтæ скодтой, «рагагъоммæйы ахуырады рæзты» бирæазон муниципалон программæ 2009-æмæй 2013-æм азмæ куыд æххстгонд цыди, уымæн. Капиталон рацарæзты фæрцы къордты нымæц 414-æй схызт 499-мæ. 15 æмæ 48-æм скъолаты дæр ма байгом 4 къорды. Поселок Южныйы цалцæггонд æрцыд 53 –æм рæвдауæндон. Рынчын сывæллæттæн та 88-æм рæвдауæндоны байгом 3 къорды. Журналистты ма базонын фæндыд, ахуыргæнджыты æмæ хъомылгæнджыты мыздыл кæд бафтдзæн, уый. Тменаты Алексей куыд загъта, афтæмæй абон сæ рæстæмбис мызд у 16 мины æмæ 125 сомы. Ацы аз сын сæ уæлæмхасæн мыздмæ бафтаудзысты, цы куыстытæ бакенной, уымæ гæсгæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania