филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:17 вторник, 16 декабря 2025
17 марта 2014, 11:24
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты командæты хсæн футболæй арæзт æрцыд уæлдæр категорийы тренер Уататы Игоры номарæн турнир

Архайдтой дзы 4 командæйы – «Барс – 1», «Алани», «Юность», стæй Кæсæг-Балхъары футболон командæ «Спартак-Налцыкк». Æвзонг футболисттæ ерыс кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран,

Дзæуджыхъæуы сывæллæтты командæты хсæн футболæй арæзт æрцыд уæлдæр категорийы тренер Уататы Игоры номарæн турнир
Архайдтой дзы 4 командæйы – «Барс – 1», «Алани», «Юность», стæй Кæсæг-Балхъары футболон командæ «Спартак-Налцыкк». Æвзонг футболисттæ ерыс кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Намысы ордены æххæст кавалер Виктор Коняевы номыл стадионы. Ахæм турнир сарæзтой фыццаг хатт. Куыд зæгъынц, афтæмæй йæм фидæны хондзысты æппæт Цæгат-Кавказы командæты дæр. Сывæллæттæ равдыстой хорз арæхстдзинад. Турниры уæлахиздзау сси Дзæуджыхъæуы командæ «Барс -1».

КоцойтыХетæг, ФК «Барс-1»-ы хъазæг: «Турнир уыдис Уататы Игоры номы конд. Нæ ныхмæ уыдис «Аланийы» командæ, тыхджын комндæ уыдысты, фæлæ мах фыццаг таймы хъазыдыстæм æмæ иу гол куы батардтам, уæд дыккаг таймы дæр æртæ батардтам æмæ махæн фенцондæр ис. Махæн тынг бæрнон у, ацы турниры хъазын æмæ бузныг турнир чи скодта, уыдонæн».

Уататы Оксанæ, футболæй уæлдæр категорийы тренер Уататы Игоры бинойнаг: «Абон ацы спотивон мадзалы чи бацархайдта, уыдонæн мæ зæрдæ зæгъы се ппæтæн дæр стыр бузныг зæгъын, тынг зæрдиагæй архайдтой, бирæ сын бантыстис. Æз æй хъуыды кæнын куыд зæрдиагæй æмæ цас хъару лæвæрдта, цы сывæллæттимæ куыста. Уыдонæн. Æмæ йæ, æвæццæгæн, уыдон дæр бирæ уарзтой, æмæ абоны бон йæ ном уымæн æрымысыдысты».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania