17 марта 2014, 16:45
Абон Мæздæджы иувæрсты фæндагыл æрцыд фæндаггон фыдбылыз
Рог машинæйы 6-æм моделы шофыр Стъарапъолы крайы станица Курскæйы рдæм цæугæйæ цыппар тъигъы астæу фехæлдта фæндаггон фæтк æмæ скъуырдта фæсарæйнаг машинæ «Мерседес».
Рог машинæйы 6-æм моделы шофыр Стъарапъолы крайы станица Курскæйы рдæм цæугæйæ цыппар тъигъы астæу фехæлдта фæндаггон фæтк æмæ скъуырдта фæсарæйнаг машинæ «Мерседес». Фыдбылызы аххосæй 6-æм моделы бадæг 3 ацæргæ сылгомаджы æмæ 69-аздзыд шофыр бынаты фæмардысты. Се ппæт дæр уыдысты хæстæджытæ æмæ цыдысты дыууисæдзæм бонмæ. «Мерседес»-ы шофыр æмæ бæлццонæн скуыстой æдасдзинады базтæ æмæ сæ цардæн тæссаг нæу.
темæмæ гæсгæ




