18 марта 2014, 11:40
Цæгат Ирыстоны райдыдта инклюзивон ахуырады къуыри
«Сывæллæттæ хъуамæ ахуыр кæной иумæ» – ахæм номимæ фембæлд байгом кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ дзы ныхас цыд, сахъат æмæ æнæниз сывæллæтты иумæ хъомыл кæныныл.
«Сывæллæттæ хъуамæ ахуыр кæной иумæ» – ахæм номимæ фембæлд байгом кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ дзы ныхас цыд, сахъат æмæ æнæниз сывæллæтты иумæ хъомыл кæныныл. Ахуырад æмæ наукæйы министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ дзы æрбацæуæг адæмæн фенын кодтой музыкалон клип, æмæ сын се `ргом аздæхтой рынчын сывæллæтты лыггæнинаг фарстатæм. Инклюзивон ахуырады рæзты мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы уыдзысты æнæхъæн къуыри.
темæмæ гæсгæ




