20 марта 2014, 11:58
Хъырымы цауты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Хуссар Ирыстоны прзидент Тыбылты Леонид
Хъырымы цауты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Хуссар Ирыстоны прзидент Тыбылты Леонид дæр. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй разы у, Хъырым æмæ Севостополь Уæрæсеимæ баиу кæныны
Хъырымы цауты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Хуссар Ирыстоны прзидент Тыбылты Леонид дæр. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй разы у, Хъырым æмæ Севостополь Уæрæсеимæ баиу кæныны хъуыддаджы Владимир Путины фæндонимæ.
Тыбылты Леонид загъта – «Хъырымимæ цы бадзырд арæзт æрцыд, уый нымайын раст æмæ ахадгæ къаздзæфыл. Мæнмæ гæсгæ, йæ фæрцы Хъырымы рæзт æмæ сабырдзинадæн арæзт уыдзæн æппæт фадæттæ дæр. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæхиуыл банкъардтой адæмы ныхмæ агресси. Мах кæддæриддæр уыдзыстæм Уæрæсейы фарс».
темæмæ гæсгæ




