филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:57 вторник, 16 декабря 2025
20 марта 2014, 16:49
Цæгат Ирыстоны хицауады æрцыд ивддзинæдтæ

Цæгат Ирыстоны хицауады æрцыд ивддзинæдтæ. Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз абон уый тыххæй бафыста указтæ. Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады

Цæгат Ирыстоны хицауады æрцыд ивддзинæдтæ. Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз абон уый тыххæй бафыста указтæ. Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрациты разамонæгæй нысангонд æрцыд Таболты Сергей.

Йæ бæсты хицауады сæрдары хæдивæгæй снысан кодтой Челæхсаты Рустемы. Фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр та сси Олимпаг хъæзтыты чемпион Бæройты Хасан.

Экономикæйы райрæзты министрады сæргъы уыдзæн Бесолты Сослан, раздæр уыд министры хæдивæг. Республикæы сæргълæууæг ын бахæс кодта бакусын ног проектыл. Хъазыбегты Георгий разамынд дæтдзæн фæндаггон хæдзарады куыстæн. Фæндæгты арæзтады куысты йæм ис стыр фæлтæрддзинад. Уыд стыр компанийы хицау. Йемæ ныхас кæнгæйæ, Мамсыраты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ацы къабазы куыстмæ адæм уæлдай ргом здахынц æмæ йæм хъæуы бæстон æркæсын.

Республикæйы хицауады фæзынд 3 ног ведомствæйы. Фæзынд арæзтад, энергетикæ цæрæн-коммуналон хæдзарады министрад. Йæ министрæй снысан кодтой Ализаты Хъазыбеджы. Туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министрады сæргъы уыдзæн Диамбекты Алан. Бирæ фæкуыста ацы къабазы æмæ йæм ис стыр фæлтæрддзинад. Цуанæтты хæдзарады æмæ æрдзон ресурсты комитеттæ дæр баиу сты. Ныр уыдзæн экологийы æмæ æрдзон ресурсты министрад. Министр та уыдзæн Милдзыхты Таймураз.

Цалынмæ иуæй-иу кандидатурæты тыххæй Мæскуыйы разамынд сæрмагонд уынаффæ нæ рахæсса, уæдмæ Хæбæлаты Фатимæ, Ализаты Хъазыбег æмæ Милдзыхты Таймураз æххæст кæндзысты министрты хæстæ.

Культурæйы министрадæн Хæбæлаты Фатимæ разамынд кæй нал дæтдзæн, уыцы ныхæстæ раст нæ разындысты. Фæлæ министрады структурæйы дæр æрцыд ивддзинæдтæ. Нырæй фæстæмæ культурон бынтæ хъахъхъæныны комитет уыдзæн культурæйы министрады бæрны. Уыцы хъуыддагмæ Хæбæлаты Фатимæ кæсы ахæм цæстæй.

Хæбæлаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг: «Стыр ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты нæ куысты. Мæнмæ гæсгæ уыдон уыдзысты тынг пайда. Уымæн æмæ абон Ирыстоны ис тынг хорз аивадон хæзнатæ. Æмæ уыдон хъæуы бахъахъхъæнын, цæст сæм дарын. Цæмæй сæм æрмæст мах нæ, фæлæ нæ фæстæ цы бирæ фæлтæртæ уыдзæн, уыдон сæ хъуамæ зоной, уарзой. Уымæн æмæ уыдон иууылдæр сты нæ мадæлон зæххы хæзнатæ».

Цæгат Ирыстоны хицауады цы ивддзинæдтæ æрцыд, уый тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъынц республикæйы зындгонд адæм, æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ.

Мæхæмæтты Ахуырбег, ЦИПУйы президент: «Ивддзинæдтæ алы хатт нæ фæхъæуынц, фæлæ ацы хатт конд кæй æрцыдысты, уæлдайдæр та æрæджы нæ республикæйы сæргълæууæг йæ ныстуаны цы хæстæ сæвæрдта, уым ын ног адæм ногдзинæдтæм куы бавналой, уæд уым æвзæрæй ницы ис. Æндæр рæттæм кæй акодтой, уыдон дæр æвзæр куыстой, зæгъгæ, уый тыххæй нæу, иумæ дæр дзы мæ зæрдæ не хсайы. Се ппæтимæ дæр æмгуыст фæкодтон бирæ. Фæлæ ма мæ зæгъын фæнды, ног министр нæм фæзынд, уый у Бæройты Хасан. Олимпаг хъæзтыты чемпион куы сси, уæд мæм æрбацыд ардæм, ректоры кабинетмæ æмæ æрбахаста ацы дугъон бæхтæ. Æмæ мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй Хасаны къухы бафта æмæ Ирыстоны спорт размæ дугъон бæхау тæха».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania