филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:57 вторник, 16 декабря 2025
20 марта 2014, 17:15
22 дзæуджыхъæуккаг бинонтæабон æрцæрдзысты ног фатерты Пожарскийы уынджы

22 дзæуджыхъæуккаг бинонтæабон æрцæрдзысты ног фатерты Пожарскийы уынджы. Сæцæрæнуæттыдæгъæлтæ сын кадджын уавæры радта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.

22 дзæуджыхъæуккаг бинонтæабон æрцæрдзысты ног фатерты Пожарскийы уынджы
22 дзæуджыхъæуккаг бинонтæабон æрцæрдзысты ног фатерты Пожарскийы уынджы. Сæцæрæнуæттыдæгъæлтæ сын кадджын уавæры радта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг сын раарфæкодта. Ног агъуысты амондджынæй æмæ рæсугъдæй куыд цæрой. Хорз хъуыддæгтæ дзы куыд бæрæг кæной. Горæты администрацийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, уыцы хъуыддаг арæзт цæуы «адæмы кæлæддзагхæдзæртæй ногтæм раивыны»федералонпрограммæмæ гæсгæ. Ног фатерты æрцæрдзысты Ватутины æмæ Базарадон уынгты 4 зæрондхæдзары цæрджытæ. Уымæй размæ ма уыцыкæлæддзаг хæдзæртты 22 бинонтæ æрцардысты Цоколайы-фырты уынджы.Ног фатерты фæзуат æдæппæтæйу 1 минæмæ 500 квадратон метры.

Адæмы кæлæддзагхæдзæртæй ногтæм раивыны программæ æххæстгонд цæуы 4 азы. Уæдмæ ног фатертæ райстой 350 бинонтæ. Ацы хæдзар у 8-æм. Æмтгæй райсгæйæ, программæмæ гæсгæ цæрæн бынæттæ сарæзтой 12 000 квадратон метры. Фатертæ сты цалцæггонд: ис дзы газы прибортæ, пъолтыл ламинат æмбæрзт, хинайæн уаты къултыл кафель. Уæдæ хæдзары кæрт дæр у аив. Сывæллæттæн дзы ис хъазæн фæз. Хæстæгдæр рæстæг ма ног бирæуæладзыгон хæдзæрттæ фæзындзысты 8-æм мартъийы, Мичурины, Металлургты æмæ Хъесаты Астаны уынгты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania