Абон уыд Парламенты Советы радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Каст цыд «Цæгат Ирыстоны лæвар юридикон æххуыс кæныны тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстамæ.
Абон уыд Парламенты Советы радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Каст цыд «Цæгат Ирыстоны лæвар юридикон æххуыс кæныны тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстамæ. Уыдонмæ гæсгæ, лæвар юридикон æххуыс кæмæн æмбæлы, уыцы адæмы номхыгъдмæ хъуамæ хаст æрцæуой, Уæрæсейы фæллойы хъæбатыры ном чи хæссы, уыдон, стæй сидзæр сывæллæттæ, хæсгæ сывæллон райсыны фæнд кæмæ ис, уыцы бинонтæ. Юридикон æххуыс чи кæны, уыцы адвокаттæ та хъуамæ бæстондæрæй зонгæ кæной адæмы сæ бартимæ. Совет сразы Уæрæсейы фæллой æмæ социалон рæзты министрмæ курдиат арвитыныл, цæмæй, æвзæр æрдзон фадæтты чи кусы, уыдоны мызд нымайгæйæ, пайда кæной, цы районты кусынц, уыдоны сæрмагонд коэффициенттæй, æмæ сæ бартæ хуыздæр хъахъхъæд уой. Ахуырады къабазы дæсны специалисттæ кæй нæ фаг кæнынц, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Хицауады æмæ Паддзахадон Думæйы сæрдартæм æрвыст æрцæудзæн курдиат. Йæ мидис у закъонæй сфидар кæнын, уæлдæр ахуыргæнæн кусæндæтты педагогон факультеты паддзахады хардзæй чи ахуыр кæны, уыдоны хæс – сæ дæсныйадмæ гæсгæ æппын къаддæр 3 азы куыд бакусой. Цалдæр фарстайы баст уыдысты арæзтадимæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадимæ.
Суанты Вадим, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг: «Паддзахадон æххуыс бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæгæн. Дыууæ азы уал æххуыс цæудзæн федералон æмæ республикон бюджеттæй, цалынмæ адæм сæхæдæг фидын нæ райдайой, æмæ фонды æхца нæ фæзына, уæдмæ. Иннæ фарста та уыд хауæдздзæгты тыххæй. Се‘фснайыны хъуыддаг хъуамæ хаст æрцæуа коммуналон лæггæдтæм, уымæн æмæ алы районы дæр хауæдздзæгтæ æфснайыны æргътæ алыхуызон сты. Иннæ фарста та уыд арæзтадон цæстдарды тыххæй. Ахæм ивддзинад хаст æрцæудзæн, цæмæй арæзтадмæ цæстдарæг куыстуæттæм уа ахуыргонд специалисттæ, хъæугæ фæрæзтæ, æмæ арæзтады хæрзхъæддзинад бæрæггонд цæуа».