филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:56 вторник, 16 декабря 2025
21 марта 2014, 11:04
20 азы сæххæст Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ыл

Фæзынди уæды республикæйы Уæлдæр Советы сæрдар Цыбырты Людвиджы уынаффæмæ гæсгæ. Бирæ ивддзинæдтæ дзы æрцыд уæдæй нырмæ. 2007-æм азмæ паддзахадон

20 азы сæххæст Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ыл
Фæзынди уæды республикæйы Уæлдæр Советы сæрдар Цыбырты Людвиджы уынаффæмæ гæсгæ. Бирæ ивддзинæдтæ дзы æрцыд уæдæй нырмæ. 2007-æм азмæ паддзахадон телерадиокомпани «Ир» æрмæстдæр кодта информацион программæ ирон æвзагыл. Уыцы рæстæг республикæ æмæ Гуырдзыстоны хсæн быцæу расайынмæ бирæ нал хъуыди. Журналистты бахъуыди æфсæддон журнаситикæйы сусæгдзинæдтæ базонын дæр. Уымæн æмæ куыстой суанг нæмгуыты бын дæр. Хæсты фæстæ телеуынынад «Ир»-æн райдыдта куыд фæзæгъынц, ног цард. Сцалцæг кодтой сæ бæстыхай, балхæдтой æппæты нырыккондæр кусæн æрмæг.

20 азы паддзахадон телерадиокомпани «Ир» у Хуссар Ирыстоны цæрджытæм сæйраг информаци хæссæг фæрæз. Фæзынди хæдбар телеуынынады бындурыл, уый 1995-æм азы йæ куыст баурæдта фæрæзтæ йын кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй. Уæд республикæйы Уæлдæр Советы сæрдар Цыбырты Людвиг рахаста паддзахадон телеуынынад скæныны хъæппæрис. Балхæдтой æрмæг, æмæ æрбахуыдтой хæдбар телеуынынады раздæры кусджыты. Фæлæ ног телеуынынады размæ фæзынди бирæ къуылымпыдзинæдтæ. Сæйрагдæр уый, æмæ кусджытæ ног æрмæгимæ архайын тынг нæ арæхстысты. Республикæйы разамынды фæндонмæ гæсгæ, æххуыс бацагуырдтой сæ цæгатирыстойнаг æмкусджытæй.

Хъуылымбегты Роберт, газет «Хуссар Ирыстон»-ы сæйраг редактор: «Уыдоны фæрцы базыдтам куыд кусын хъæуы ног æрмæгыл, уый. Баххуыс нын кодтой, æмæ уый фæстæ уыди бирæ æнцондæр».

Фæсивæды размæ уыди бирæ зындзинæдтæ. Мызд нæ истой 6-гай мæйтæ. Сюжеттæ æмæ программæтæ монтаж кодтой электрогенераторты фæрцы. Рухс иу куы ссыгъди, уæд иу рацыдысты эфирмæ. 2007-æм азмæ паддзахадон телерадиокомпани «Ир» æрмæстдæр кодта информацион программæ ирон æвзагыл. 20 сахаты æмæ иу 30 минутыл рацыдысты эфирмæ, уый фæстæ иу уыди иу-дыууæ авторон программæйы. Уыцы азты республикæ æмæ Гуырдзыстоны хсæн быцæу расайынмæ бирæ нал хъуыди. Журналистты бахъуыди æфсæддон журналистикæйы сусæгдзинæдтæ базонын. Уымæн æмæ куыстой суанг нæмгуыты бын дæр.

Чсиаты Динара, шеф редактор: «Цæгат Ирыстонæй нæм æрбацыди Хъантемыраты Зæлинæ. Иумæ съемкæты ацыдыстæм, æмæ гуырдзиæгтæ æхсын райдыдтой, куыд аирвæзтыстæм, уый ныр дæр нæ зонын».

Хæсты фæстæ телеуынынад «Ир»-æн райдыдта куыд фæзæгъынц, ног цард. Сцалцæг кодтой нæмгуытæ æмæ сармадзантæй цы бæстыхай ныппырх, уый. Балхæдтой æппæты нырыккондæр кусæн æрмæг. 2010-æм азы та сын фæци информацион рауагъд бон æртæ хатты ирон æмæ уырыссаг æвзагыл эфирмæ дæттыны фадат. Фæфылдæр кусджыты нымæц дæр. Авторон программæтæ дзы фæзынд фылдæр. 90-æм азты дзы кæд авд йеддæмæ нæ уыди, уæд ныр та 9 сахаты эфир æхгæнынц 25 программæйæ, 20 дзы сты æрвылкъуырионтæ.

Дзæгъойты Ралдмилæ, паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы директоры хæстæ æххæстгæнæг: «Нæ телекомпани йæ юбилейыл сæмбæлд хорз хъуыддæгтимæ. Уырны мæ, фæсивæдæн сæ къухы ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ кæй бафтдзæн, уый».

Хуссарирыстойнаг журналисттæ сæ куысты федтой стыр зындзинæдтæ. Иууылдæр æй зонынц, телеуынынад куыд зынтæй систой ахæм æмвæзадмæ, уый. Сæ куыстмæ æгæрон уарзондзинад зыны алы сюжеты æмæ алы программæйы дæр. Уый у се `нтыстдзинады сæйрагдæр сусæгдзинад.

Касаты Наирæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania