Ацы къуыри Цæгат Ирыстоны уыди зындгонд кафджыты къорд, Игорь Моисеевы номыл паддзахадон ансамбль. Артисттæ Ирон театры радтой дыууæ концерты. Знон та фембæлдысты
Зындгонд кафджыты къорд Цæгат Ирыстонмæ ссыд бæлвырд нысанимæ – 2004-æм азы Беслæны цы æвирхъау цау æрцыд, уый амæттæгты æрымысынмæ. Балеты уæнгтæ фыццаджыдæр фембæлдысты «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтимæ – артисттæ нæ урæдтой сæ цæсыгтæ, афтæмæй ныхас кодтой мадæлтимæ. Кафджыты къорды директор æмæ аивадон разамонæг Елена Щербакова куыд загъта, афтæмæй аивады руаджы адæмтæ кæрдзимæ кæнынц хæстæгдæр. Бæрæг уыд, се ппæт дæр сæ зæрдæмæ арф кæй айстой уыцы цаутæ. Игорь Моисеевы номыл ансамблы артисттæ се ххуысы хай бахастой, 1-æм скъолайы карты цы аргъуан кæнынц, уый арæзтадмæ дæр.
Фæстæдæр Беслæны культурæйы галуаны арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт. «Яблочко», «Лето», монгойлаг æмæ венгераг кæфтытæ, грекъаг «Сиртаки» æмæ сæ иннæ зындгонд кæфтытæ. Беслæны цæрджытæ цымыдисæй æмæ циндзастæй кастысты, æнæхъæн дунейы зындгонд чи у, уыцы къорды сфæлдыстадмæ.
Фæлæ æппæтæй тынгдæр ирон аивадуарзджыты зæрдæмæ фæцыд зындгонд аргентинаг кафт «Гаучо». Адæмы къухæмдзæгъд бауромæн нæ уыд. Изæры кæронбæттæны та артисттæ равдыстой ирон хонгæ.
Ахæм лæвармæ Беслæны цæрджытæ æнхъæлмæ дæр нæ кастысты. Ансамблы артисттæ – Юлия Стеблецова æмæ Ахра Тания хонгæ кафгæйæ равдыстой æцæг ирон æфсарм æмæ уæздандзинад.
Юлия Стеблецова, Игорь Моисеевы номыл адæмон кафты паддзахадон ансамблы артисткæ: «Тынг æхсызгон мын уыдис ирон кафт акæнын. Рæсугъд музыкæ, кафты уæздандзинад – ирон адæмы миддуне чи вдисы. Мæ зæрдæмæ арф айстон абон концерт».
Республикæйы культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæ кафджытæн бузныг загъта, сæ аивады руаджы стыр хæрзаудæн куыст кæй кæнынц, уый тыххæй. Æмæ сæ схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны кадджын хæрзиуджытæй.
Хæбæлаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы культурæйы министр: «Æцæг бæрæгбон уыдис. Ацы районы чи цæры, Беслæн нæ, фæлæ ма дзуыдис адæм æндæр хъæутæй дæр. Æмæ мæнмæ гæсгæ, ахæм курдиатджын къорд куы æрбацæуы, уæд æвæццæгæн, æмæ уый бæрæгбон вæййы. Абон федтат, дыууæ æдæймаджы ирон кафт ракодтой æмæ уыцы уынаффæ рахаста нæ республикæйы сæргълæууæг æмæ сын радтам абон Ирыстоны сгуыхт артисты нæмттæ».
Рæсугъд фембæлд æмæ зæрдæхлар ахастдзинæдтæ. Артисттæ сæ уды хъарм æнæвгъауæй балæвар кодтой Беслæны аивдуарзджытæн. Уыдон та сæ сбуц кодтой сæ къухæмдзæгъдæй. Игорь Моисеевы номыл адæмон кафты ансамблы артисттæ загътой, фембæлд сæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыд æмæ зæрдæ бавæрдтой, хæстæгдæр рæстæг та Беслæнмæ кæй ссæудзысты. Ацы концерттæ Ирыстонимæ хæлардзинады ахастдзинæдтæ кæй фæфидардæр кодтой, уый æнæмæнг у.
Гугкаты Иринæ




