филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:55 вторник, 16 декабря 2025
26 марта 2014, 11:52
Культурæйы бонимæ баиу нæ республикæйы адæмон артисткæ Дзгойты Аллæйы юбилей

Курдиатджын, йæ дæсныйадыл иузæрдион, театрдзауты зæрдæмæ аивады фæрцы хæссы æгæрон циндзинад. Аллæ театр нымайы йæ дыккаг хæдзарыл.Афтæ куы нæ уаид, уæд йæ къухы уый бæрц æнтыстдзинæдтæ дæр нæ бафтыдаид.

Дзгойты Аллæйы юбилейы кадæн Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы уыди сфæлдыстадон изæр. Æрбахуыдтой юбиляры æмкусджыты, йæ сыхæгты, йæ хиуæтты, стæй студентты. Фадат сын уыди сæ уарзон актрисæимæ аныхас кæнынæн æмæ йæм фæрстытæ радтынæн. Аллæ 40 азæй фылдæр рухс кæны театр æмæ киноуарзджыты зæрдæтæ. Йæ дæсныйад равзæрста æнæнхъæлæджы, фæлæ йыл никуы фæфæсмон кодта. Æмæ уымæй йæхи амондджын хоны. Ирон театры труппæмæ Аллæ бацыд 1970-æм азы, ГИТИС каст фæуыны фæстæ. Театрдзаутæн йæхи афтæ бауарзын кодта, æмæ сси адæмы уарзон актрисæ. Азтæ цыдысты æмæ ма Аллæйы курдиатыл æфтыди фæлтæрддзинад дæр. Цы бирæ сурæттæ сарæзта, уыдон ын иууылдæр сты ирд. Адæм сын кæнынц стыр аргъ. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, курдиатджын æдæймаг алцæмæй дæр æххæст вæййы, зæгъгæ. Афтæ Аллæ дæр, фыссы æмдзæвгæтæ, тæлмац кæны пьесæтæ, æнтыстджынæй йæхи фæлвары режиссурæйы.

«Театр йæ цард, йæ амонд» – изæры темæ дæр дзурæг у юбиляры цардвæндагыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania