Уый тыххæй пресс-конференцийы абон фехъусын кодта æнæкоммерцион организаци «цæрæнуæтты æмбалады республикон ассоциацийы» сæрдар Рæмонты Руслан. Дзырдта дзы æндæр хъæндзинæдтыл дæр. Адæм æвзæр зонынц сæ бартæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ та реформæйы тыххæй фаг нæ дзурынц.
Уый тыххæй пресс-конференцийы абон фехъусын кодта æнæкоммерцион организаци «цæрæнуæтты æмбалады республикон ассоциацийы» сæрдар Рæмонты Руслан. Дзырдта дзы æндæр хъæндзинæдтыл дæр. Адæм æвзæр зонынц сæ бартæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ та реформæйы тыххæй фаг нæ дзурынц. Фæлæ программæ уæддæр кусдзæн. Æппæтæй хуыздæр цæрæнуæтты-коммуналон рацарæзтыл кусынц Мæздæджы районы. Уым лæггæдты хæс у æппæтæй къаддæр. Республикæйы цæрæнуæтты Фондæн дзуапп дæтдзысты цæрджытæ сæхæдæг æмæ, цы разамынддæттæг компанитæ равзæрстой, уыдон. Цæгат Ирыстоны дзы кусы 200-йæ фылдæр.




