филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:25 вторник, 16 декабря 2025
31 марта 2014, 17:17
Абон республикæйы ахуырады æмæ наукæйы уæрæхгонд коллегийы хатдзæгтæ скодтой 2013-æм азы куыстæн, стæй снысан кодтой ацы азы куысты пълан

Æмбырды архайдтой хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем æмæ Парламенты наукæйы, ахуырады, культурæйы æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Таболты Тамарæ. Ахуырад æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан йæ доклады радзырдта, ивгъуыд аз сын саразын цы бантыст, стæй ацы аз цы фарстатыл хъæуы бакусын, уыдоны тыххæй.

Абон республикæйы ахуырады æмæ наукæйы уæрæхгонд коллегийы хатдзæгтæ скодтой 2013-æм азы куыстæн, стæй снысан кодтой ацы азы куысты пълан.

Æмбырды архайдтой хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем æмæ Парламенты наукæйы, ахуырады, культурæйы æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Таболты Тамарæ. Ахуырад æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан йæ доклады радзырдта, ивгъуыд аз сын саразын цы бантыст, стæй ацы аз цы фарстатыл хъæуы бакусын, уыдоны тыххæй. Æхсызгон у, ахуыргæнджыты мызд кæй фæфылдæр уый, фæлæ ма хъæуы мадзæлттæ аразын ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн: сæрмагонд программæтæ, тымбыл стъолтæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Фылдæр æргом аздахын хъæуы мадæлон æвзаджы райрæзтмæ дæр. Ацы аз уæлдай фылдæр æргом здæхт цæудзæн паддзахадон фæлварæнтæ дæттыны фæткмæ. Фылдæр куыст цæудзæн сывæллæтты рæвдауæндæттимæ дæр. Æмæ ацы аз нымад у, скъолайы агъоммæйы ахуырады ног федералон стандарттыл æмæ иумæйаг ахуырады стандарттæ æххæст кæныны афæдзыл.

Тотраты Владислав: Ахуырады æмæ наукæйы министры 1-аг хæдивæг: «Мæнмæ гæсгæ афтæ зæгъæн ис, æмæ нæ къухы бирæ хорздзинæдтæ бафтыдис 2013-æм азы. Фæлæ ма алыг кæнын цы фарстатæ хъæуы, ахæмтæ дæр нырма ис æмæ уыдоныл бæлвырддæр æрныхас кæндзыстæм æмæ сыл иумæйагæй кусдзыстæм. Æрмæст скъолаты æмæ институты куысджытæ нæ, фæлæ ма æхсæнад дæр, ахуырад æрмæст ныхас кæмæн нæу, фæлæ афтæ чи зæгъы, æрбалæууон ахуырады куысджытимæ, ахæмтæ нæм бирæ ис, æмæ уый тынг æхсызгон у. Семæ дæр архайдзыстæм дарддæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania