Газеттæ фыссæн уалдзыгон кампани сагъæсы æфтауы мыхуыры рауагъдадты кусджыты дæр, газеткæсджыты дæр.
Цæболты Ханджери-иу кæд раздæр цалдæр газетты рафыста, уæд ныр иу газетæй фылдæр рафыссын йæ бон нал уыдзæн. Æмæ уый дæр аслам нал рауайдзæн. Уый та уымæн, æмæ газеттæ рафыссыны аргъ фæфылдæр 2 хатты.
Цæболты Ханджери, газетфыссæг: «Æнæ «Рæстдзинад» никуы уыдтæн, «Северная Осетия», «Аргументы и факты», «Фидиуæг» æмæ æндæр газеттæ. Абон уыйбæрц мæ бон нал уыдзæн рафыссын. Уымæн æмæ 2 хатты æмæ æрдæг куы фæзынаргъдæр уой, уæд кæй бон бауыдзæн. Æмæ канд мæнæн нæ, фæлæ пенсиисджытæн дæр у стыр хъыг. Æмæ мах курæм нæ республикæйы хицауадæй, цæмæй фарста сæвæрой æмæ ма бауадзой æргътæм бафтауын».
Цæгат Ирыстоны егъаудæр мыхуыры фæрæз, газет «Северная Осетия». Йæ тираж 300 000 экземпляры. Газет рафыссыны аргъ афтæ кæй фæфылдæр, уый никæйы зæрдæмæ фæцыд. Фаг ныхæстæ нæ ары газеты сæйраг редактор дæр. 419 сомы бæсты ныр бафидын хъæуы 830 сомы.
Александр Торин, газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор: «Мах нæхæдæг газеттæн æлхæнæм гæххæтт, бафидæм йæ ласæггагæн. Типографийæн дæр мах фидæм, æмæ раст зæгъгæйæ, уый гыццыл æхца не сты. Уæдæ нæ кусджытæн дæр мызд нæхæдæг фидæм. Æмæ æмтгæй райсгæйæ газеты экземпляр сысты 150 сомы. Ныр 830 сомæй аппарут газеты аргъ, æмæ иннæ цæуы æндæр ведомствæтæм. Махмæ дзы ницы хæццæ кæны».
Газетфысджыты нымæц куы фæкъаддæр уа, уымæй тæрсынц «Рæстдзинад»-ы редакцийы дæр. Уæвгæ, æнæзонгæ нæу, ацы газет арæхдæр рафыссынц хистæр фæлтæр, ацæргæ адæм. Бирæ азты йæ зæрдæ уарзон газетыл чи нæ ивы, уыдон.
Дзуццаты Константин, газет «Рæстдзинад»-ы æхсæнадимæ бастдзинады хайады сæргълæууæг: «Ис æрмæстдæр йæ пенсийæ чи цæры, ахæмтæ, уыдон та газет уарзынц. Æмæ уыцы адæммæ ныртæккæ сидын, цæмæй 10-æм апрельмæ уыцы куыст бакæной. 400 сомæй рафыссдзæн ныртæкæ газет, уый фæстæ та 900 сомы бафидын хъæудзæн. Æмæ 900 сомы иудадзыг дзыппмæ куы нæ æфта, уæд зын сисæн сты. Æмбарын хъæуы адæмы».
Фæлæ æппæтæй зындæр уавæры сты районы газеттæ. Районты алы газетфыссæг дæр зонгæ у. Алчидæр сын нымад у. Ахæм мадзæлтты фæстæ ма сæ бон кусын уыдзæн æви нæ, уый дæр ма ахъуыдыйаг фарста у.
Битарты Маринæ, газет «Фидиуæджы» редактор: «Пенсиисджытæн ахæм æргътæй куыд бафтдзæни сæ къухы рафыссын газеттæ? Уымæ гæсгæ мæнмæ афтæ кæсы, тынг тæссаг уавæры сты газеттæ, æмæ æхгæд кæй æрцæудзысты кæцыдæртæ, сæ тиражтæ къаддæр кæмæн сты, уый мæнмæ гæсгæ бæлвырд гонд у».
Газеттæ рафыссыны аргъ кæй фæфылдæр, уый «Уæрæсейы почтæ»-йы цæгатирыстойнаг филиалы æмбарын кæнынц афтæ. Бирæ рæстæг тарифтæ уыдысты ныллæг. Алы аз дæр-иу сын паддзахад радих кодта субсидитæ 3 млрд. сомы. Ныр бюджетон политикæ аивта, субсидитæ систой. Уымæ гæсгæ бахъуыд тарифтæм æркæсын. Уыимæ кæд раздæр иу экземпляр газеткæсæгыл сæмбæлын кæнынæн хъуыд 2 сомы æмæ 11 капеччы, уæд ныр уыдзæн 5 сомы æмæ 33 капеччы.
Хуытъиаты Маринæ, «Уæрæсейы почтæ»-йы цæгатирыстойнаг филиалы æхсæнадимæ бастдзинады хайады специалист: «Рæстæмбис нымадмæ гæсгæ федералон субсидитæ алы аз дæр уыдысты 3 милуан сомы. 3 милуан сомы та иу радтой `фтиаг. Уыимæ газеттæ рафыссыны рæстæг хæрдзтæ уыдысты 9 милуаны сомы. Куыд уынæм, афтæмæй газетфыссыны кампани пайдайаг нæ уыд».
Адæмæн та сæ бон æрмæстдæр баххуыс кæнын уымæй ис, æмæ 10-æм апрелмæ газеттæ рафыссæн ис зæронд аргъæй. Уæрæсейы журналисттæ та, се хсæн «Северная Осетия»-йы кусджытæ дæр, фыстæг арвыстой УФ-йы президент Владимир Путинмæ. Курынц дзы, цæмæй субсидиты кæцыдæр хай ма айсой. Кæннод гæнæн ис, æмæ мыхуыры цы газеттæ цæуынц, уыдон нал уыдзысты.




