филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:18 среда, 17 декабря 2025
03 апреля 2014, 11:16
Мамсыраты Таймураз йæ хъуыдытæ загъта, Хъырымы музейтæй цы скифты хæзнатæ раластой, уыдоны тыххæй

Нидерландты археологон музейы цы равдыст и, уырдæм Хъырымæй аластой скифаг хæзнатæ. Ныртæккæ республикæ Уæрæсейы хыгъдмæ куы бацыд, уæд фæзынд фарста – экспозицийы

Мамсыраты Таймураз йæ хъуыдытæ загъта, Хъырымы музейтæй цы скифты хæзнатæ раластой, уыдоны тыххæй
Нидерландты археологон музейы цы равдыст и, уырдæм Хъырымæй аластой скифаг хæзнатæ. Ныртæккæ республикæ Уæрæсейы хыгъдмæ куы бацыд, уæд фæзынд фарста – экспозицийы хицау чи у, æмæ йæ фæстæмæ кæмæн хъуамæ радтой? Хæзнаты хъысмæтыл мæт кæнынц Цæгат Ирыстоны дæр.

Уыцы зæххытыл ссардтой, абон дунейы культурон æмæ политикон æхсæнад цы скифаг хæзнаты кой кæны, уыдон. Ныртæккæ сты Амстердамы. Уырдæм сæ равдыстмæ аластой афæдзы райдиан Хъырымæй. Уæд нырма Украинæйы хыгъды уыдис. Фæлæ сæ ныр кæдæм æрбаласдзысты, Украинæмæ æви Уæрæсейы Хъырыммæ, уый бæлвырд бæрæг нæма у. Историк Бзарты Русланы хъуыдымæ гæсгæ хæзнатæ хъуамæ уой Хъырымы, уымæн æмæ сæ археологтæ уым ссардтой, скифаг уæздæтты ингæнты.

Скифты хæзнаты хъысмæт Ирыстоны адæмы кæй тыхсын кæны, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта республикæйы сæргълæууæг Нидерландты æххæстбарджын минæвармæ фыстæджы. Хъуамæ уой сæ закъонадон бынаты. Уыимæ разы у культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæ дæр.

Ацы хъуыддагмæ лæмбынæг сæ цæст дарынц Хъырымы ирон æхсæнады дæр. Йæ сæргълæууæг Саулаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ фарстайыл кусынц Уæрæсейы культурæйы æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты. Зæрдæ дарæн ис, экспозици Хъырыммæ кæй æрбаласдзысты, ууыл. Уымæн æмæ йæ равдыстмæ куы ластой, уæд бадзырдтæ бафыстой Хъырымы культурæйы министрадимæ, стæй музейтимæ. Валерий ма куыд загъта, афтæмæй Хъырымы музейты минæвæртты фæнды Цæгат Ирыстоны культурæйы министрадмæ курдиат арвитын, цæмæй сын республикæйы специалисттæ баххуыс кæной, скифты æмæ аланты хæзнаты истори иртасынæн.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania