филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:32 среда, 17 декабря 2025
03 апреля 2014, 11:20
Цæгат Ирыстоны райдыдта æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани

Республикæйы æфсæддон комиссарады куыд зæгъынц, афтæмæй йе `фсæддон хæс сæххæст кæнынмæ араст уыдзæн 800 æрыгон адæймаджы. Уыдонæй дзæуджыхъæуккæгтæ сты æртæ сæдæ фынддæс.

Цæгат Ирыстоны райдыдта æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани
Республикæйы æфсæддон комиссарады куыд зæгъынц, афтæмæй йе `фсæддон хæс сæххæст кæнынмæ араст уыдзæн 800 æрыгон адæймаджы. Уыдонæй дзæуджыхъæуккæгтæ сты æртæ сæдæ фынддæс. Ацы аз фидæны салдæттæм медицинон къамис æркæсдзæн ног домæнтæм гæсгæ.

Тъехты Владимирыл сæххæст 18 азы, æмæ йæм ныр фæсидтысты æфсадмæ. Уыцы хъуыддагыл тынг бацин кодта, уымæн æмæ йæ фæнды йæ фыдæлтау райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын.

Тъехты Владимир, Æфсадмæ сидтон: «Æфсæддон гæххæтт мæм куы æрбацыдис, уæд тынг бацин кодтон, æмæ ныр ам дæн. Дохтыртыл зилын, æфсадмæ мæ кæй кæнынц, ууыл тынг цин кæнын».

Цопанаты Эльбрус, Æфсадмæ сидтон: «Мæнæн мæ фыд æмæ ме фсымæр службæ кодтой, æмæ мæн дæр фæнды. Фæнды мæ МЧС-ы рæнхъытæм бацæуын. Мæ афон æрцыд æмæ мæн дæр хъæуы арми».

Республикæйы æфсæддон комиссарады Дзæуджыхъæуыккаг хайады дохтыртæ бонмæ сбæрæг кæнынц 150 лæппуйы æнæниздзинад. Æдæппæтæй та æркæсдзысты 2 мины æмæ 500 лæппумæ.

Колыты Ритæ, дохтыр: «Махмæ ныртæккæ цæуы тынг дзæбæх лæппутæ. Сты æнæниз. Ис дзы, гыццыл йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, фæлæ сæ фылдæр сты æнæниз. Дзæбæх лæппутæ сты. Фæнды сæ æфсадмæ цæуын».

Дзæуджыхъæуы æфсæддон комиссарады нын куыд загътой, афтæмæй æфсæддон техникæ дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн, æмæ салдатæй домы компьютерон зонындзинæдтæ, уымæ гæсгæ кæсынц сиддонты уæлдæр ахуырадмæ. Æрвыст цæудзысты Уæрæсейы мидæфсæдты, мидхъуыддæгты, æнæнхъæлæджы цауты æмæ хъахъхъæнынады министрады æфсады рæнхъытæм. Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы комиссарады хæс у уалдзыгон кампанийы рæстæг 315 сидтоны арвитын.

Къæбысты Николай, Дзæуджыхъæуы æфсæддон комиссарады æфсадмæ сидыны къамисы сæрдар: «Куыст цæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Нæ размæ цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон æххæст кæнæм. Фарон дæр нæ хæс, куыд æмбæлы, афтæ сæххæст кодтам. Ацы аз та Уæрæсейы министр Сергей Шойгу цы уынаффæ радта, уымæ гæсгæ кусæм. Ис закъон æфсадмæ сидыны тыххæй, æмæ йæ мах æххæст кæнæм. Нæ размæ цы хæстæ сæвæрдтой, уыдон æххæст кæнæм. Фарон дæр сæ сæххæст кодтам. 315 адæймаджы хъуамæ мах арвитæм, фæлæ фæсидтыстæм бирæ фылдæрмæ. Уыдоны хъуамæ феной дохтыртæ æмæ дзы æфсады службæйæн чи бæззы, уыдоны арвитдзыстæм, иннæтæ фæстæдæр. Бирæтæ ахуыр дæр кæнынц уæлдæр ахуырады».   

Æфсадмæ сидыны куыст райдыдта 1-æм апрелы. 15-æм июльмæ къамисы уæнгтæ сбæрæг кæндзысты, 2 мины 500 лæппуйæ æфсады рæнхъыты чи æрлæудзæн, уыдоны. Зæгъын хъæуы уый, æмæ 15 апрелы райдайдзæн альтернативон службæ. Æрвыст æм цæуы 1 лæппу. Иннæтæ се ‘фсæддон хæс æххæст кæндзысты фистæгæфсады, денджызон флоты. Фылдæр æрвыст цæудзысты Хуссар æфсæддон зылды рæнхъытæм.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania