Разамынд ын лæвæрдта Хицауады сæрдары хæдивæг Габысаты Константин. Куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æрдзон газы хæс у цас æмбæлы, уымæй фылдæр.
Æмбырды ма ныхас цыди электрон тыхы хæрдзты хæсыл дæр. Иумæйаг лæггæдты хæрдзтæ чи фиддзæн, уый бæрæг нæу. Йæ алыварс бирæ ныхмæлæуддзинæдтæ ис. Фæлæ ног уагæвæрд фарста алыг кæндзæн. Равзардзысты тагъд æххуысы клиникон рынчындоны хæс дæр, у 2 миллиарды. Сæйраг дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй рынчындонмæ хауынц цæстыты низты клиникæ, 3-æм поликлиникæ, стæй хъармгæнæн. Уымæ гæсгæ, хæс æрмæст рынчындоны нæу, фæлæ цалдæр медицинон куыстуаты.
Агънаты Георгий, РЦИ-Аланийы артаджы æмæ энергетикæйы комплексы иртасыны æмæ экспертизæйы центры генералон директор: «Æз дæн къамисы уæнг. Мах центр кусы куыстуæттæн æмæ организацитæн. Æркæсæм, райстой, цас сын ныффыстой, уыйбæрц газ, æви нæ, сбæлвырд æй кæнæм. Нымайæн прибортæ раст сты, фæлæ кæйдæрты æхца бирæ хъæуы. Бирæтæ йæ сæхи хæдзары хъуыддæгтæй дæр зонынц, уæлдай бæрцытæ сын кæй ныффысынц, уый. Сбæлвырд кæндзыстæм, æмæ æрдæгæй фылдæр куы ахауа хæстæй, уæд уый æххуыс уыдзæн куыстуæттæн æмæ экономикæйæн дæр».




