10 апреля 2014, 17:10
Куыстадон бадзырд куы нæ уа, уæд ивар у 20 мин сомы. Куыстдæттæг закъон куы хала, уæд æфхæрд цæудзæн, куыд фæзæгъынц, сомæй
Ацы закъонады хъæппæрис арæзт у, куысты мызд æнæ закъонæй чи исы, уыдон сбæрæг кæнынæн. Абон æй республикæйы Парламенты Советы банымадтой хорзыл. Уымæй уæлдай, депутаттæ
Ацы закъонады хъæппæрис арæзт у, куысты мызд æнæ закъонæй чи исы, уыдон сбæрæг кæнынæн. Абон æй республикæйы Парламенты Советы банымадтой хорзыл. Уымæй уæлдай, депутаттæ æркастысты æмæ рахæцыдысты авиабилеты аргъ фæстæмæ здахыны федералон закъоны фæткмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъуыддагмæ. Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, адæймаджы билет куы нал хъæуа, æмæ уый тыххæ рейсæй суткæ раздæр куы фехъусын кæна, уæд ын йæ билеты аргъ хъуамæ фæстæмæ радтой æххæстæй. Иннæ закъоны проект рынчынтæн бар дæтты дохтыртæм цæугæйæ видеокамерæтæй пайда кæнынæн. Уый фæрцы дохтырты рæдыдтытæ уыдзысты къаддæр. Советы уæнгтæм ацы хъæппæрис фæкасти цымыдисаг, фæлæ йыл не сразы сты. Уымæй уæлдай æркастысты Астрæхæны облæсты думæйы сидтмæ, Уæрæсейы æнæниздзинадхъахъхъæныны министрмæ арвыстой курдиат, тагъд медицинон æххуыс кæныны фæткмæ æркæсыны тыххæй.
темæмæ гæсгæ




