филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 14 декабря 2025
11 апреля 2014, 11:02
Знон йæ цардæй ахицæн, Ирыстонæн лæггад кæнынæй чи нæ фæллад, уыцы курдиатджын журналист Дойаты Олег

Кæд иу адæмаджы æппæт хорз миниуджытæ баиу вæййынц, уæд уый уыд Дойаты Олег. Уæздан, хиуылхæст æмæ цæстуарзон, зæрдæхæлар æмæ ныфсхаст, йæ фæлмæн мидбылхуыдт йæ цæсгомæй никуы схицæн.

Знон йæ цардæй ахицæн, Ирыстонæн лæггад кæнынæй чи нæ фæллад, уыцы курдиатджын журналист Дойаты Олег
Кæд иу адæмаджы æппæт хорз миниуджытæ баиу вæййынц, уæд уый уыд Дойаты Олег. Уæздан, хиуылхæст æмæ цæстуарзон, зæрдæхæлар æмæ ныфсхаст, йæ фæлмæн мидбылхуыдт йæ цæсгомæй никуы схицæн. Кæддæриддæр цæттæ уыд адæймаджы фарсмæ æрбалæууынмæ. Ахæмæй баззад нæ зæрдæты информацион програмæйы бындурæвæрæг, зындгонд журналист Дойаты Олег.

Хиуылхæст, уæздан… Æппæты зын уавæрты дæр дзы хъæр ныхас никуы ничи фехъуыста… Ирон журналистикæйы уыди æнæхъæн дуг… Дойаты Олег… Йæ цардæй ахицæн телеуынынадæн йæ уд чи хъардта, æмæ æвæллайгæйæ адæмæн æмæ йæ дæстыйадæн чи лæггад кодта, ахæм адæймаг. Фæстаг азты разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны Парламенты информацион – аналитикон хайадæн. Уый размæ уыди журналистикæйы æппæты бæрнондæр бынæтты. Жураналистикæйы фыццаг къахдзæфтæ Дойаты Олег райдыдта газет «Молодой коммунисты». Бындур сæвæрдта паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы информацион хайадæн. 92-æм азы фæззæджы йе мкусджытимæ уæлæмхасæн студийæ цыди комкоммæ эфиры, æмæ адæммæ хæццæ кодта хъæугæ оперативон информаци.

Дойаты Олег Хуссар Ирыстоны хæстон цауты рæстæг дæр уыди æппæты карздæр бынæтты. Сабыр рæстæг та йын адæм ын æдзух æнхъæлмæ кастысты йæ спортивон æрмæджытæм.

Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, Уæрæсейы Федерацийы журналистты цæдисы уæнг Дойаты Олег паддзахадон телерадиокомпани «Алани» – мæ кусынмæ æрбацыд 1981-æм азы. Уæд хуынди Цæгат Ирыстоны телеуынынады æмæ радиохъуыснады комитет. Йæхи ныхæстæм гæсгæ йæ тынг бауарзта. Ирыхъæумæ хæстæг кæй уыди, уый та йын уæлдай æхсызгондзинад лæвæрдта. Уæвгæ телеуынынад уæды рæстæг уыди национдæр, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд. Ам куыстой зындгонд фысджытæ æмæ поэттæ. Стыр æргом здæхт цыди ирон æвзагмæ.

Дойаты Олег æстайæм азты райдиан куыста редакци «Æвзонгдзинад»-ы. Разамынд ын лæвæрдта Томайты Адæ. Оледжы хæстæм та хаудысты ахæм циклтæ: «Сидын мæ дæсныйадмæ» æмæ «Спортивон Ирыстон». Йæхæдæг уыди редактор, фæлæ эфирмæ цæуынмæ нæ тагъд кодта. Куыд дзырдта, афтæмæй алкæйы бон нæу телеравдысты амонæг уæвын. Фæлæ рæстæджы цыдимæ йæ хъуыды аивта, æмæ фыццаг хатт рацыд комкоммæ эфирмæ. Фæстæдæр Дойаты Олег æмæ ма цалдæр æрыгон журналисты раивтой информацион хайадмæ.

Куыста телерадиокомпанийы «Алани»-йы сæрдары хæдивæгæй. Алы адæймаджы зæрдæмæ дæр иу ссардта фæндаг. Йæ профессионалон миниуджытæ æмæ æгæрон зонындзинæдтæ æнæвгъау лæвар кодта æрыгон фæлтæрæн.

Дойаты Олег стыр æмæ æнæмæлгæ æвæрæн бахаста ирон журналистикæмæ. Бирæтæн уыди æмæ баззайдзæн фыццаджы дæр ахуыргæнæгæй, йæ ном цæрдзæн æнустæм.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania