филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:57 понедельник, 15 декабря 2025
11 апреля 2014, 17:24
Дзæуджыхъæуы цы ног фæлладуадзæн бынат фæзындæн, уымæн ном равзарыны хъуыддаджы республикæйы цæрджытæ зæрдиагæй архайдтой

Дзæуджыхъæуы администрацийы сайтмæ æдæппæтæй æрбарвыстой 190 номы. Цалдæр хатты дзы чи æмбæлы, уыдон куы айстой уæд ма дзы баззад 143. Æмæ се хсæнæй хъуыд равзарын хуыздæр.

Дзæуджыхъæуы администрацийы сайтмæ æдæппæтæй æрбарвыстой 190 номы. Цалдæр хатты дзы чи æмбæлы, уыдон куы айстой уæд ма дзы баззад 143. Æмæ се хсæнæй хъуыд равзарын хуыздæр. Абон горæты администрацимæ хуынд æрцыдысты дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ, ЦИПУ-йы ахуыргæнджытæ, фысджытæ, лингвисттæ æмæ æндæр специалисттæ.

Алчидæр æвзæрста 143 номæй. Уыдонæй æрбацæуджытæ фылдæр хъæлæстæ кæуыл радтой, уыдон уыдысты 5: «Æлутон», «Нæртон», «Нарты фæз», «Уацамонгæ», «Æрдзы къона». Алы номыл дæр цыд бæстон ныхас. ЦИПУ-йы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ ма радон хатт сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, ацы дзырдæн сæ равзæрд, цы нысаниуæг ис, уый.

Уый фæстæ та схъæлæс кодтой ногæй. Фылдæр хъæлæстæ райста «Нæртон». Амæй фæстæмæ терренкур хæсдзæн ахæм ном. Йæ байгом кæныны каджын мадзал та уыдзæн 15 июны.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania