филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:42 воскресенье, 14 декабря 2025
11 апреля 2014, 17:28
Хицауады сæрдар Такъоты Сергейы разамындæй ма арæзт æрцыд донивылдты ныхмæ республикон къамисы æмбырд

Республикæйы гидрометеорологон службæйы сæргълæууæг Уалыты Людмилæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы зымæг хæхты мит бирæ не ‘руарыд. Фæлæ тыхджын къæвдатæ куы уа, уæд тæссаг уыдзæн донивылдтытæй, уымæн æмæ бирæ цæугæдæттæн сæ донвæдтæ фæбæрзонддæр сты, сыгъдæг сæ кæй нæ кодтой, уый тыххæй.

Хицауады сæрдар Такъоты Сергейы разамындæй ма арæзт æрцыд донивылдты ныхмæ республикон къамисы æмбырд
Архайдтой дзы бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ æмæ бæрнон ведомствоты разамонджытæ. Республикæйы гидрометеорологон службæйы сæргълæууæг Уалыты Людмилæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы зымæг хæхты мит бирæ не ‘руарыд. Фæлæ тыхджын къæвдатæ куы уа, уæд тæссаг уыдзæн донивылдтытæй, уымæн æмæ бирæ цæугæдæттæн сæ донвæдтæ фæбæрзонддæр сты, сыгъдæг сæ кæй нæ кодтой, уый тыххæй. Уымæй уæлдай тæссаг уыдзæн ламидæттæ рацæуынæй дæр. Æрдз хъахъхъæныны министр Милдзыхты Таймураз æрдзырдта Дзæуджыхъæуы æмæ алы районы уавæрыл дæр. Тæссаг бынæттæ бæрæггонд сты, æмæ Такъоты Сергей бахæс кодта, цæмæй хæстæгдæр рæстæг бынæттон хиуынаффæйад бæрнон службæтимæ иумæ бакусой, æмæ адæмы цæрæн бынæттæ, хъæууонхæдзарадон хуымтæ хъыгдард ма æрцæуой. Алы ведомство дæр сарæзта мадзæлтты пълан. Уымæ хаст æрцыдысты ахсджиагдæр объекттæ.

Белеккаты Рафаэль, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары Хæдивæг: «Ацы аз тæссаг нæу, æрдзы уавæрмæ гæсгæ. Хæхты мит бирæ нæй. Фæлæ уавæр аразгæ уыдзæн , цас къæвдатæ æрцæудзæн, уымæй. Тæвд сæрд уыдзæн. Миййаг исты æрцыд, зæгъгæ, уæд, алы аз куыд вæййы, афтæ ныр дæр, цæттæ стæм, районты дæр, æнæнхъæлæджы уавæрты министрад дæр. Исты куы æрцæуы, уæд иумæйагæй цæттæ вæййæм знаггады ныхмæ бакусынмæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania