филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:34 вторник, 16 декабря 2025
24 апреля 2014, 16:42
Дзæуджыхъæуы ацыдысты æнæнхъæлæджы цауты министрады æмæ æвæстиаты æххуысы республикон къорды иумæйаг тактикон-сæрмагонд ахуыртæ

Архайдтой дзы æнæнхъæлæджы цауты министрады, пъæлицæйы, паддзахадон автоинспекцийы, аварион – техникон æмæ æндæр службæты минæвæрттæ.

Абон Дзæуджыхъæуы ацыдысты æнæнхъæлæджы цауты министрады æмæ æвæстиаты æххуысы республикон къорды иумæйаг тактикон-сæрмагонд ахуыртæ. Архайдтой дзы æнæнхъæлæджы цауты министрады, пъæлицæйы, паддзахадон автоинспекцийы, аварион – техникон æмæ æндæр службæты минæвæрттæ. Ахуырты сæйраг хæс у, æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг адæмæн хъæугæ информаци хъусын кæнын, æмæ сæрмагонд къордты раст архайды фæтк ныффидар кæнын. Уымæй уæлдай, сбæрæг кодтой, ведомствæтæ сæ размæ вæрд хæстæ куыд тагъд æххæст кæнынц, æмæ техникон, стæй хи хъахъхъæныны фæрæзтæй куыд æххæстгонд сты, уый. Стыр æргом здæхт æрцыди командыгæнджыты фæлтæрддзинадмæ æмæ сæ зонындзинæдтæм.

Ахæм ахуыртæ арæзт æрцæуынц афæдз иу хатт. Разамынд сын дæтты Хицауады Сæрдар Такъоты Сергей. Хатдзæгтæм гæсгæ алы ведомствæ дæр райсдзæн бæрæггæнæнтæ æмæ фиппаинæгтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania