Боны фæткмæ рахастой 3 фарстайы. Адæмы базонын фæндыд сæ колхозы уавæр. Куыстуаты сæрдар зæххытæн сæ фылдæр хай арендæйы радта иннæ хъæуты зæхкусджытæн, æмæ ныр Къостайы цæрджытæн нæй кусыны фадат.
10 азы размæ дæр ма ацы фермæйы куыст, куыд æмбæлы, афтæ арæзт уыд. Алы бон дæр Беслæны æхсыры заводмæ æрвыстой 4 мин литры бæрц æхсыр. Абон та куыстуатæй ницыуал баззад. Тотиты Артурæн колхозы куыстой йæ ныййарджытæ дæр, йæхæдæг дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йын зын у, хæдзарад заууатмæ кæй æрцыд, уый.
Абон колхозæй баззадысты æрмæстдæр зæххытæ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, куыстуат хæлын райдыдта 2005-æм азæй фæстæмæ, йæ сæргъы Мамиаты Арсен куы слæууыд, уæд. Равзæрстой йæ 5 азмæ. Фæлæ 2009-æм азы колхоз рацарæзтой, æмæ сси хъæууонхæдзарадон кооператив. Йæ иунæг саразæг – Мамиаты Арсен. Фæлæ закъонмæ гæсгæ кооперативы хъуамæ 5 хицауæй къаддæр ма уа. Зæххытæн се мбис – 800 гектары бæрц – субарендæйы радта сыхаг хъæуты аграритæн.
Тедеты Вячеслав: «Æз мæхæдæг арендæ райстон æндæр зæххы. Æндæр хъæуы куыст ницы ис».
Уымæн куыд гæнæн ис, уый базоныны тыххæй хъæуы цæрджыты хъæппæрисæй арæзт æрцыд æмбырд. Æрбахуыдтой йæм Æрыдоны районы администрацийы, хъæууон хæдзарады министрады, прокуратурæйы минæвæртты. Мамиаты Арсен ацы фембæлдмæ не рбацыд.
Къостайыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Хъесаты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй адæмы æмбары. Хъæуы куыст нæй, бирæтæн сæ бон бакусын у æрмæстдæр колхозы. Фæлæ йæм уавæр аивынæн бартæ нæй.
Хъесаты Игорь, Къостайыхъæуы администрацийы сæргълæууæг: «Кусын æз уставмæ гæсгæ, дæн муниципалон кусæг, колхозы мидæггаг фарстатæм æвналыны бар мын нæй».
Фембæлды архайджыты ныхæстæм гæсгæ уавæр аивын сæ бон у æрмæстдæр колхозонтæн сæхицæн. Кæд нымайынц, куыстуаты сæрдары митæ закъонмæ гæсгæ не сты, уæд сæ рæстдзинадыл тох кæнын хъæуы тæрхондоны фæрцы.
Хъайтмазты Дзерассæ




