филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:54 вторник, 16 декабря 2025
28 апреля 2014, 17:18
УФ-йы Æдасдзинады Федералон службæйы арæнхъахъхъæнæн цæгатирыстойнаг управлени бæрæг кæны йæ юбилей

Уый кадæн уыд кадджын æмбырд. Арфæ ракæнынмæ сæм æрбацыд Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Службæйы рæстæг сгуыхтдзинæдтæ æмæ йæхи фæзминагæй чи равдыста, уыцы хуыздæр арæнхъахъхъæнджыты Цæгат Ирыстоны арæнхъахъхъæнæн управленийы хицау Сергей Дорофеев схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй.

УФ-йы Æдасдзинады Федералон службæйы арæнхъахъхъæнæн цæгатирыстойнаг управлени бæрæг кæны йæ юбилей

90 азы Фыдыбæстæйы арæнтæ хъахъхъæнгæйæ… УФ-йы Æдасдзинады Федералон службæйы арæнхъахъхъæнæн цæгатирыстойнаг управлени бæрæг кæны йæ юбилей. Уый кадæн уыд кадджын æмбырд. Арфæ ракæнынмæ сæм æрбацыд Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Службæйы рæстæг сгуыхтдзинæдтæ æмæ йæхи фæзминагæй чи равдыста, уыцы хуыздæр арæнхъахъхъæнджыты Цæгат Ирыстоны арæнхъахъхъæнæн управленийы хицау Сергей Дорофеев схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй. Куыд загъта, афтæмæй сæ сæйрагдæр хæс у бæстæйы æдасдзинад хъахъхъæнын, æмгуыст кæнын арæнтæм хæстæг хъæуты æмæ горæтты цæрджытимæ. Арæх уыдонæй базонæн вæййы хъæугæ информаци.

Арæнхъахъхъæнæн управленийы истори райдыдта 1924-æм азы. Уæд арæзт æрцыд Ленкоранскы арæнхъахъхъæнæн къорд. Йæ хæс уыд Уæрæсейы хуссар арæнтæ хъахъхъæнын.

1942 азы та хъæбатырæй хъахъхъæдтой Дзæуджыхъæумæ бацæуæнтæ. Арæнхъахъхъæнджытæ ма абон дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой се мкусджыты номыл цыртдзвæныл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania