филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:56 вторник, 16 декабря 2025
29 апреля 2014, 11:08
Дзæуджыхъæуы Мæздæггаг уынджы цæрджытæ бирæ азты тыхсынц, сæ хæдзæрттæм уынгæй дон кæй кæлы, уымæй

Хурæй-къæвдайæ сты доны бын. Дзæуджыхъæуы Мæздæггаг уынджы цæрджытæ бирæ азты тыхсынц, сæ хæдзæрттæм уынгæй дон кæй кæлы, уымæй. Хур бон дæр фæндаг нæ хус кæны,

Хурæй-къæвдайæ сты доны бын. Дзæуджыхъæуы Мæздæггаг уынджы цæрджытæ бирæ азты тыхсынц, сæ хæдзæрттæм уынгæй дон кæй кæлы, уымæй. Хур бон дæр фæндаг нæ хус кæны, къæвда бон та дзы машинæтæн дæр нæ вæййы ацæуæн. Фæндаг хъуамæ цалцæггонд æрцыдаид 4 азы размæ, фæлæ ма абон дæр ис æдзæллаг уавæры.

Дзæуджыхъæуы Мæздæггаг уынджы цæрджытæн сæ сывæллæттæ дæр, стæй уыдон цот схъомыл сты, рæзынц сæ кæстæрты укæстæртæ дæр. Уал азы иууылдæр тыхсынц фæндаджы уавæрæй. Хурбон дæр дзыхъвæндаг донæй дзаг вæййы, кæвдаты рæстæг та дзы ацæуæн дæр нæ вæййы. Цæрджыты бахъæуы иннæ уынгтыл цæуын. Уымæн æмæ сæм такситæ дæр нæ цæуынц. Дон та кæлы сæ кæртытæм.

Надгериты Евгений, Мæздæггаг уынджы цæрæг: «Мæнæн адæм чи сты, уыдоны бон нал у. кæуынц, хъаст кæнынц, абон-райсом нæ сайынц. Æмæ хъуамæ кæдмæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм. Нæ сывæллæттæ дæр схъомыл сты, уæддæр фæндаг нæма сцæттæ».

Дзæуджыхъæуы администрацимæ цæрджытæ сæ хъаст иу æмæ дыууæ хатт нæ бахастой. Фæлæ сæ хъуыдыгæнæг нæй. Фæндæгты арæзтады управленийы сын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй сæ уынг раджы хаст æрцыд цалцæг кæныны программæмæ.

Надгериты Евгений, Мæздæггаг уынджы цæрæг: «Нæ сывæллæттæ ма гыццыл уыдысты, уæдæй фæстæмæ хъизæмæрттæ кæнæм ацы фæндагимæ. Уæдæй абонмæ нывыл никуы уыд. Тухийæ мæлæм. Зæрдæтæ ныр æвæрдтой 2010 азы йæ скæндзысты, зæгъгæ. Фæлæ 2010 аз фæци, 2011, 2012,2013… 2014 азы дæр æрхæццæ – æмæ кæм ис».

Надгериты Таисæ, Мæздæггаг уынджы цæрæг: «Ахæм цардæй нæ бон нал у. Тыхсæм, тухи кæнæм. Сывæллоны скъоламæ акæнын, уырдыгæй æрбакæнын æнцон хъуыддаг нæу. Лæг йæ къах кæм æрæвæра, уый дæр дзы нæй».

Ууыл рацыд цалдæр азы, фæндаг та, раздæрау, у доны бын. Сæ хъаст бахастой промышленнон зылды префектмæ, депутаттæм. Ацы мæйы райдиан та уыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергеймæ дæр. Фидарæй сын зæрдæ бавæрдта, ацы аз æй октябры кæй скæндзысты, уымæй.

Уаниты Сослан, Дзæуджыхъæуы администрацийы фæндæгты арæзтады, цъæх фæлысты æмæ аивдзинады управленийы хицæуай хæдивæг: «Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг æмбары сæ уавæр. Фæлæ алы хатт хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ нæ вæййы. Алы хатт хца нæ фаг кæнынц. Фæлæ ацы хъаст куы базыдта, уæд карзæй бадомдта, ссарын фæрæзтæ æмæ ацы аз фæндаг сцалцæг кæнын. Мах дæр уыцы хæс æххæст кæнæм. Агурдзыстæм подрядон организацитæ, сараздзыстæм финансонбадзырдтæ, цæмæй нын ацы аз бюджетæй хца радтой. Иу ныхасæй Дзантиаты Сергей нæ размæ сæвæрдта хæс æмæ йæ æххæст кæндзыстæм».

Горæты администрацийы æмбарын кæнынц, Черняховскийы, Садоны æмæ Бзары-фырты номыл уынгтæ ныридæгæн цалцæггонд æрцыдысты. Сты иу районы, кæрæдзимæ хæстæг. Ныр та у Мæздæггаг уынджы рад. Цæрджытæ та ногæй æнхъæлмæ кæсынц хуыздæрмæ ивддзинæдтæм. Æмæ сæ зæрдæ дарынц, май къæвдаджын кæй уыдзæн, ууыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania