Ивгъуыд азы сбæрæг кодтой 215 объекты, æхцайæ та уый у 14 миллиард сомæй фылдæр. Куыд раиртæстой, афтæмæй домæнтæм гæсгæ хардзгонд не ‘рцыдысты 547 милуан сомы, æмæ уый амынд æрцыд бæрнон разамонджытæн.
Æмбырды ма каст цыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы рацарæзтмæ. Депутаттæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй æппæт мадзæлттæ дæр хъуамæ конд цæуой адæмы пайдайæн.
Боны фæткы ахсджиагдæр фарстатæй иу баст уыд фæсивæдæн куыст дæттынимæ. Абон æгуыст адæмы хыгъды чи ис, уыцы æрыгæтты нымæц 3 минæй фылдæр у, 1мин æмæ 350-мæ та ис уæлдæр ахуырад. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар Къаболаты Ларисæ. Фæсивæдæн куыст зын ссарæн кæй у, уымæн бирæ аххосæгтæ ис. Депутаттæ сæ хъуыдытæ загътой уавæр аивынæн. Кусын хъæуы куыд æрыгæттимæ, афтæ ахуырадон кусæндæттимæ æмæ куыстуæтты разамонджытимæ дæр.
Тедеты Руслан, РЦИ-А Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар: «Абон фæсивæдæн куыст ссарын зын кæй у, уый иуылдæр зонæм. Парламент уыцы фарстамæ æркаст, цыдæр хъуыдытæ бахастам, æмæ сыл бакусдзыстæм. Нæ фæсивæды афтæ фæнды, цæмæй бацæуа æмæ кабинеты куса, йæ размæ йын дуæрттæ байгом кæной. Фæлæ кусын хъæуы хиуыл, цæмæй фылдæр зонындзинæдтæ æмæ дæсныйд уа. Цæмæй дæ бон æрмæст дзурын ма уа, фæлæ ма кусын дæр».




