30 апреля 2014, 17:27
Нæ республикæйы транспортон куыстуæттæ сты уæззау уавæры
Уый тыххæй абон журналисттимæ фембæлды фехъусын кодта нæ республикæйы промышленнон æмæ транспортон политикæйы министр Джыбылаты Алан. Къуырццæвæны чи бахауд, уыцы куыстуæттыл ма бафтыд ноджыдæр дыууæ Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районты.
Уый тыххæй абон журналисттимæ фембæлды фехъусын кодта нæ республикæйы промышленнон æмæ транспортон политикæйы министр Джыбылаты Алан. Къуырццæвæны чи бахауд, уыцы куыстуæттыл ма бафтыд ноджыдæр дыууæ Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районты. Министры ныхæстæм гæсгæ, сæ бынæтты сараздзысты муниципалон куыстуæттæ. Ныр та уал æгуыстæй чи баззад, уыцы адæм æнхъæлмæ кæсынц сæ мыздмæ. Хæстæ бафиддзысты куыддæр куыстуаты мулк ауæй уа, афтæ. Хуыздæр уавæры ис промышленнон куыстад. Къабаз срæзыд 125%-мæ. Ныр министрад йе `ргом здахы хъахъхъæнæг-промышленнон комплексмæ. Йæ бон кусын у æнæкъуылымпыйæ. Фæлæ йын куыст нæй.
темæмæ гæсгæ




