филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:50 вторник, 16 декабря 2025
05 мая 2014, 11:02
Зæдты парк фæзындзæн Беслæны

Арæзт æрцæудзæн номарæн уæлмæрд «Зæдты горæт»-ы бакомкоммæ. Ацы хъуыды æрцыд Батырты Сосланмæ. Ныртæккæ цæры Мæскуыйы. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты уал дзы ныссагътой бæлæстæ.

Арæзт æрцæудзæн номарæн уæлмæрд «Зæдты горæт»-ы бакомкоммæ. Ацы хъуыды æрцыд Батырты Сосланмæ. Ныртæккæ цæры Мæскуыйы. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты уал дзы ныссагътой бæлæстæ.

322 заз бæласы 2004-æм азы теракты амæттæгты номыл. 12 тулдзы та, æдасдзинады федералон службæйы хайæдты æмæ æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæй чи фæмард, уыдоны кадæн. Зæдты парк арæзт æрцæудзæн номарæн уæлмæрд «Зæдты горæт»-ы бакомкоммæ. Ахæм фæз байгом кæныны хъуыды æрцыд Батырты Сосланмæ.

Бæлас фыццæгтæй иу ныссагъта Хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасанимæ ныссагъта 12 тулдзæй иу. Батырты Сослан куыд загъта, уымæ гæсгæ акци баст у, Беслæны терактыл 10 азы кæй æххæст кæны, уыимæ. Парк байгом кæнын фæнд кæнынц сентябры.

Батырты Сослан: «Бауынаффæ кодтам не `мбæлттимæ. Уый фæстæ нæм паддзахадæй дæр фæкастысты. Нæ бон цы у, уый кæнæм. Кæсдзыстæм, дарддæр дзы цы рауайдзæн, уымæ».

Ацы стыр хъуыддагмæ се `вæрæн бахастой бирæ адæм æмæ организацитæ. Фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады 100 мин сомæн балхæдтой туяйы æмæ æхсæлыйы талатæ. Ныссагътой, сæрмагондæй ардæм цы стыр дуртæ æрбаластой, уыдоны алыварс.

Парк дихгонд у цалдæр зонæйыл. Зæгъæм, ауылты цæуы бæрз бæлæсты аллейæ – 110 талайы. Ныссагътой сæ ахуырады æмæ наукæйы министрады, стæй тæрхондоны пъырыстыфты службæйы минæвæрттæ.

Акцимæ йе `вæрæн бахаста Цæллагты мыггаг дæр. Балхæдтой, парчы сæйраг аллейæйы цы талатæ сагъд æрцыд, уыдон. Беслæнмæ Цæллагтæй æрцыд 50 адæймаджы бæрц – 4 фæлтæры минæвæрттæ.

Цæллагты Тасолтан: «Уый та бынтон хорз у, сывæллæттæ кæйс ты ам. Сæхи къухæй алчидæр йæхи номæй ныссагъта бæлас, заз бæлас. Æрæмбырд кодтам, цы æмбæлы, уый, æмæ балхæдтам ацы заз бæлæстæ».

Парчы проектыл бакуыстой æрыгон дизайнертæ. Сохъуырты Эльвирæйы ныхæстæм гæсгæ сын йæ бацæттæ кæнынæн 2 къуырийы йеддæмæ нæ уыд, фæлæ бацархайдтой сæ размæ `вæрд хæс æмбæлгæ æмвæзадыл сæххæст кæныныл.

Сохъуырты Эльвирæ, дизайнер: «Æрмæст бæлæстæ дзы нæ уыдзæн. Уыдзæн дзы фæндæгтæ, цæмæй дзы адæм сбадой æмæ баулæфой. Уыдзæн дзы тынг рæсугъд. Бирæ адæм æрæмбырд, æххуыс кæнынц, сæ цæрæнбон бирæ уæд».

Æдæппæтæй иу бонмæ ныссагътой 500 бæласы бæрц. Акцийы саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фидæны парк фæуæрæхдæр уыдзæн Цæгат Кавказы медицинон центры онг, цæмæй ам рынчынтæн сæ бон уа сыгъдæг уæлдæфæй улæфын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania