«Детство, опаленное войной». Ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы арæзт æрцыд литературон-патриотон изæр, Уæлахизы боны кадæн. Бацæттæ йæ кодтой Цæгат Ирыстоны национ музейы кусджытæ.
Гадзиаты Фузæ, РЦИ-Аланийы Национ музейы наукон-рухстауæн хайады секторы сæргълæууæг: «Абоны мадзалмæ мах рбахуыдтам нæ ветеранты, хæсты рæстæг сыл цыдис 15-16 азы. Базонгæ кæнæм нæ сывæллæтты, хæсты рæстæджы куыд хъæбатырæй хæцыдысты, куыд уарзтой сæ райгуырæн бæстæ. Æмæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау куыд ацыдысты хæстмæ».
Тебиаты Миланæ, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуырдзау: «Алы аз дæр скæнæ мацы бæрæгбон. 10-æм къласы ахуырдзаутæ йæ фæкæнынц. Алы къласы ахуырдзау дæр бацæттæ кæны æмæ радзуры æмдзæвгæ. 9-æм май у тынг кадджын бæрæгбон, уый тыххæй æмæ нæ ветерантæ куы нæ уыдаиккой, уæд мах нытæккæ уыдаиккам фашисты къухы».




