филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:42 воскресенье, 14 декабря 2025
14 мая 2014, 18:34
Парламенты Совет æркаст 30 фарстамæ. Æмбырд амыдта Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав

Советы уæнгтæ растыл банымадтой федералон закъоны проект, цæмæй, æхцайыл хъæзтытæ æнæзакъонæй чи аразы, уыдон карздæр æфхæрд æййафой. Иннæ закъоны проекты та ис домæн, цæмæй букмекертæ æмæ тотализатортæ æхца дих кæной паддзахадон, стæй муниципалон спортивон кусæндæттæн физкультурæ æмæ спорты рæзтæн.

Советы уæнгтæ растыл банымадтой федералон закъоны проект, цæмæй, æхцайыл хъæзтытæ æнæзакъонæй чи аразы, уыдон карздæр æфхæрд æййафой. Иннæ закъоны проекты та ис домæн, цæмæй букмекертæ æмæ тотализатортæ æхца дих кæной паддзахадон, стæй муниципалон спортивон кусæндæттæн физкультурæ æмæ спорты рæзтæн. Æмбырды æрдзырдтой Цæрæнуæтты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Баст сты бирæуæладзыгон хæдзæрттæм зилыны аргъимæ. Ныртæккæ цы закъон ис, уый фадат дæтты, тариф алы хуызы нымайынæн, æмæ арæх адæмæн фиддонтæ æгæр бæрзонд рауайынц. Ивддзинæдты нысан у ахæм уавæр сраст кæнын, цæмæй æргътæ нымад цæуой иу уагæвæрдмæ гæсгæ. Депутаттæ ма сразы сты Зæххы кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл дæр. Уыдонмæ гæсгæ, æфсæддон-патриотон хъомылады куыст чи кæны, уыцы организацитæн бар уыдзæн зæххытæй иудадзыг, æнæ æмгъуыдтæй пайда кæнынæн. Ахæм кусæндæттæн уый зынгæ фенцондæр кæндзæн сæ архайд, стæй сæ финансон-экономикон уавæр. Совет рахаста уынаффæ – Цæстдарæг-нымайæг палатæйæн бахæс кæнын медицинон кусæндæттæ сбæрæг кæнын.

Хæдарцаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Бирæ фарстатæ ис Ирыстоны цæрджытæм æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы тыххæй. Уымæ гæсгæ уынаффæ рахастам, цæмæй Цæстдарæг-нымайæг палатæ сбæрæг кæна рынчындæттæ æмæ иннæ медицинон кусæндæттæ. Ныртæккæ ныхас цæуы, цæмæй кæцыдæр районты рынчындæттæ сæхгæной, кæнæ ма сæхгæной. Æмæ уал сæ бабæрæг кæнæм, уый фæстæ та уынаффæ рахæсдзыстæм. Уыцы куысты архайдзысты Хицауады уæнгтæ дæр, бынæттон администрациты кусджытæ дæр. Уый тынг ахсджиаг фарста у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania